Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

НӔ КИРИСТОН ЦАРД

Библий ахури рӕстӕг видеороликтӕй пайда кӕнӕ

Библий ахури рӕстӕг видеороликтӕй пайда кӕнӕ

Цӕстуингӕ ӕрмӕги фӕрци адӕймаг лӕмбунӕг фӕууй ӕма, ци базонуй, уой хуӕздӕр балӕдӕруй ӕма ’й нигъгъуди кӕнуй. Нӕ Кадгин Зундамонӕг, Йеговӕ, ӕ лӕггадгӕнгути естӕбӕлти ку ахур кӕнидӕ, уӕд е дӕр пайда кӕнидӕ цӕстуингӕ ӕрмӕгӕй (Рд 15:5; Йер 18:1–6). Йесо Киристе дӕр – ӕгасемӕй хуӕздӕр Ахургӕнӕг – пайда кодта цӕстуингӕ ӕрмӕгӕй (Мф 18:2–6; 22:19–21). Фӕстаг ӕнзти дӕргъи арӕх фӕппайда кӕнӕн видеороликтӕй, ӕма нин устур ӕнхус ӕнцӕ. Библи ке хӕццӕ ахур кӕнис, уонӕн видеороликтӕ бавдесис?

Цӕмӕй нин ахуркӕнуйнӕгтӕн Библий сӕйраг ахурӕдтӕ лӕдӕрун кӕнун ӕнцондӕр уа, уой туххӕй рацудӕй дӕс видеороликки. Видеороликти нӕмттӕмӕ гӕсгӕ балӕдӕрӕн фӕууй кӕд имӕ ес бакӕсӕн ӕма ибӕл радзубанди кӕнӕн. Еци видеороликтӕй уӕлдай ма нӕ косӕндзаумӕутти ’хсӕн ес берӕ ӕндӕр хуарз видеороликтӕ дӕр.

Библи ке хӕццӕ фӕййахур кӕнис, е Библийӕй цӕхуӕндӕр темӕ ку нӕ балӕдӕруй, уӕд ибӕл еумӕ фӕдздзоретӕ? Кенӕ, зӕгъӕн, цӕхуӕндӕр зин уавӕри ку бахауа, уӕд ин дӕ бон уодзӕй приложений JW Library® кенӕ нӕ интернет-телеуинунади иссерун, ка ин банхус кӕндзӕй, уӕхӕн видеоролик. Уӕ бон имӕ ӕй еумӕ бакӕсун ӕма ибӕл радзубанди кӕнун.

Алли мӕйӕ дӕр рацӕуй нӕуӕг видеороликтӕ. Ку сӕмӕ бакӕсис, уӕд рагъуди кӕнисӕ, иннети ахур кӕнгӕй си дӕ бон куд ӕй пайда кӕнун, уобӕл.