Иаков бийнонтӕ искодта
Иаковӕн ӕ гъудий кӕрон дӕр н’ адтӕй, бийнонтӕ ку искӕна, уӕд уӕхӕн зиндзийнӕдтӕбӕл ке исӕмбӕлдзӕй. Рахил ӕма Лийӕ кӕрӕдземӕ соцъа кӕнун райдӕдтонцӕ (Рд 29:32; 30:1, 8). Ӕма кӕд Иаков берӕ зинтӕ ӕвзурста, уӕддӕр ӕй федарӕй зудта, Йеговӕ ӕ хӕццӕ ке ӕй (Рд 30:29, 30, 43). Рӕстӕг цудӕй, ӕма ӕ байзӕддӕгтӕй исӕвзурдӕй ӕнӕгъӕнӕ адӕнихатт – израилӕгтӕ (Рф 4:11).
Бийнонтӕ искӕнун ке фӕндуй, етӕ гъӕуама лӕдӕронцӕ, зиндзийнӕдтӕй хизт ке нӕ уодзӕнцӕ (1Кр 7:28). Фал лӕг дӕр ӕма уосӕ дӕр сӕ зӕрдӕ Йеговӕбӕл ку даронцӕ ӕма ӕ уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ ку цӕронцӕ, уӕд сӕ бийнонтӕ уодзӕнцӕ федар ӕма амондгун (Ӕм 3:5, 6; Еф 5:33).