Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

9–15 мартъий

РАЙДАЙӔН 24

9–15 мартъий
  •  132 зар ӕма кувд

  • Раздзурд (1 мин.)

ХУЦАУИ ДЗУРДИ ХӔЗНАТӔ

  • «Уосӕ Исаккӕн» (10 мин.)

    • Рд 24:2–4. Авраам ӕ лӕггадгӕнӕги рарвиста, цӕмӕй Исаккӕн иссирдтайдӕ, Йеговӕн ка лӕггадӕ кӕнуй, уӕхӕн уосӕ (wp16.3-OSS 14 ф., 3 абз.)

    • Рд 24:11–15. Авраами лӕггадгӕнӕг Ревеккӕбӕл исӕмбалдӕй цъаййи рази (wp16.3-OSS 14 ф., 4 абз.)

    • Рд 24:58, 67. Ревеккӕ исарази ӕй Исакмӕ ӕрцӕун (wp16.3-OSS 14 ф., 6, 7 абз.)

  • Цӕхуӕн хӕзнатӕ иссирдтай (10 мин.)

    • Рд 24:19, 20. Ревеккӕ фӕнзуйнаг цӕмӕй ӕй? (wp16.3-OSS 12, 13)

    • Рд 24:65. Ревеккӕ ӕ сӕр цӕмӕн бамбарзта, ӕма уомӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн? (wp16.3-OSS 15 ф., 3 абз.)

    • Аци къуӕре Библийӕй ци сӕртӕ кастан, уонӕй Йегови туххӕй ци базудтай, игъосун кӕнгӕй си цӕхуӕн гъудитӕй испайда кӕндзӕнӕ кенӕ ма никкидӕр цӕхуӕн хӕзнатӕ иссирдтай?

  • Библи кӕсӕн (4 мин. кенӕ минкъийдӕр): Рд 24:1–21 (th 2 урок)

АРӔХСТГУНДӔРӔЙ ИГЪОСУН КӔНӔ

  • Фиццаг хатт цӕбӕл ес радзубанди кӕнӕн (видеоролик) (4 мин.): радзубанди фарстатӕ ӕма дзуӕппити хӕццӕ. Бавдесӕ видеоролик, уой фӕсте ба игъосгутӕмӕ аци фарстатӕ раттӕ: ӕнсувӕр ӕ дзубанди куд раидарддӕр кодта, нӕлгоймаг ин уотӕ ку загъта, ӕхе динбӕл хуӕст ке ӕй? Цӕмӕн ес зӕгъӕн, ӕма игъосунгӕнӕг нӕлгоймагмӕ хуарз фарстатӕ лӕвардта?

  • Фиццаг хатт цӕбӕл ес радзубанди кӕнӕн (2 мин. кенӕ минкъийдӕр): испайда кӕнӕ, 1 фарсбӕл ци цӕветтон ес, уомӕй (th 1 урок).

  • Фиццаг хатт цӕбӕл ес радзубанди кӕнӕн (3 мин. кенӕ минкъийдӕр): испайда кӕнӕ, 1 фарсбӕл ци цӕветтон ес, уомӕй. Бавдесӕ, адӕн уӕмӕ арӕхдӕр дзурд ӕрдӕгбӕл куд ӕркъуӕрунцӕ ӕма уӕхӕн уавӕри ци ес зӕгъӕн (th 12 урок).

  • Адӕни Имисӕн изӕрмӕ хонӕн (3 мин. кенӕ минкъийдӕр): испайда кӕнӕ, 1 фарсбӕл ци цӕветтон ес, уомӕй. Адӕймаги фулдӕр базонун фӕндуй. Е ’ргом ин раздахӕ видеороликмӕ «Киристей мӕлӕт имисӕн изӕр» ӕма ибӕл радзубанди кӕнтӕ (равдисти рӕстӕг видеоролик ӕвдесун нӕ гъӕуй) (th 11 урок).

НӔ КИРИСТОН ЦАРД

  • 25 зар

  • Имисӕн изӕрмӕ хонун райдайдзиан сабати, 14 мартъий (8 мин.). Радзубанди фарстатӕ ӕма дзуӕппити хӕццӕ. Игъосгутӕн райуарӕ Имисӕн изӕрмӕ хунди гӕгъӕдитӕ ӕма ибӕл радзубанди кӕнтӕ. Бавдесӕ, адӕймаги Имисӕн изӕрмӕ куд ес фӕххонӕн, уой фӕдбӕл видеоролик, ӕма ибӕл радзубанди кӕнтӕ. Радзорӕ, уе ’мбурд куд архайдзӕй, цӕмӕй ӕмбурди территорибӕл ӕрзелайтӕ.

  • «Ке фӕххондзӕнӕ?» (7 мин.). Радзубанди фарстатӕ ӕма дзуӕппити хӕццӕ.

  • Библий ахур ӕмбурди хӕццӕ (30 мин.): jy-OSS 107 сӕр

  • Кӕронбӕттӕн (3 мин. кенӕ минкъийдӕр)

  • 9 зар ӕма кувд