НӔ КИРИСТОН ЦАРД
Ке фӕххондзӕнӕ?
Алли анз дӕр фӕййархайӕн, цӕмӕй нӕ территорий ка цӕруй, еци адӕни Имисӕн изӕрмӕ фӕххонӕн. Ке фӕххонӕн, уонӕн сӕ фулдӕрей фӕсмӕргӕ дӕр нӕ фӕккӕнӕн. Фал ӕхсидзгӕ ӕй, ке зонӕн, уони дӕр фӕххонун. Адӕймагӕн ӕнцондӕр уодзӕй ӕрбацӕун, зонгӕ еске ӕй ку фӕххона, уӕд (yb08-U 11 ф., 3 абз.; 14 ф., 1 абз.). Дӕу бон дӕр ӕй фӕххонун, зӕгъӕн:
-
хӕстӕгути
-
ӕмкосгути кенӕ ӕмкъласонти
-
синхӕнтти
-
арӕх кӕмӕ бауайис кенӕ, Библи ке хӕццӕ ахур кӕнис кенӕ ба, кӕддӕр ке хӕццӕ ахур кодтай, уони
Уомӕй уӕлдай ма хестӕр нӕлгоймӕгтӕ бабӕрӕг кӕндзӕнцӕ, ӕмбурдтӕмӕ ка нӕбал цӕуй, уони. Фал зӕгъӕн, ке дӕ фӕндуй фӕххонун, еци адӕймаг идард цӕруй. Уӕд дӕ бон ӕй сайти jw.org иссерун, кӕми цӕруй, уордӕмӕ хӕстӕгдӕр Имисӕн изӕр кӕми бӕрӕг кӕндзӕнцӕ, уӕхӕн бунат. Уой туххӕй нӕ сайти сӕйраг фарсбӕл сӕрӕй райгон кӕнӕ хай «МАХ ТУХХӔЙ», уой фӕсте ба – «Имисӕн изӕр». Имисӕн изӕри размӕ расагъӕс кӕнӕ, ке дӕ фӕндадтайдӕ фӕххонун, уобӕл ӕма сӕ фӕххонӕ.