ХУЦАУИ ДЗУРДИ ХӔЗНАТӔ
Йеговӕ Израили муггӕгти астӕу зӕнхӕ куд байурста?
Йеговӕ разамунд лӕвардта, хӕлттӕ ке ’сгӕлдзиуонцӕ, уой фӕрци. Уотӕ, ӕвӕдзи, уомӕн кодтонцӕ, цӕмӕй исбӕрӕг адтайдӕ, ка кӕци рауӕн цӕрдзӕй, е (ЙсН 18:10; it-U «Граница», дӕлс. «Границы племён Израиля», 2 абз.)
Йеговӕ уотӕ бакодта, цӕмӕй, Иаков ӕ мӕлӕти размӕ ци пахампарадӕ загъта, е исӕнхӕст адтайдӕ (ЙсН 19:1; it-U «Наследство», дӕлс. «Наследственные владения», 1 абз.)
Йеговӕ израилӕгтӕн барӕ равардта, цӕмӕй сӕхуӕдтӕ ниллух кодтайуонцӕ, алли муггагмӕ дӕр цӕййасӕ зӕнхӕ ӕрхаудзӕй, уой (ЙсН 19:9; it-U «Граница», дӕлс. «Границы племён Израиля», 3 абз.)
Зӕрдӕвӕрд зӕнхӕ уотӕ дехгонд ӕрцудӕй, цӕмӕй израилӕгтӕ кӕрӕдземӕ ма соцъа кодтайуонцӕ, удта цӕмӕй ма хилӕ кодтайуонцӕ. Аци хабарӕй куд зиннуй, Йеговӕ нӕуӕг дуйней дӕр рӕстӕй ке архайдзӕй?