НӔ КИРИСТОН ЦАРД
Уӕ уарзондзийнади туххӕй Йеговӕй хъӕбӕр боз ан
Фессалоникаг киристӕнттӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн банхус кодтонцӕ, кӕд сӕхуӕдтӕ зин уавӕри адтӕнцӕ, уӕддӕр (2Фс 1:3, 4). Йегови адӕн абони дӕр кӕрӕдземӕн фенхус кӕнунцӕ. Нӕ нисайнӕгтӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн аци зин рӕстӕгути куд ӕнхус кӕнунцӕ, уой фӕдбӕл нӕ сайти берӕ статьятӕ ес. Устур арфӕ уин кӕнӕн уӕ уарзондзийнадӕ ӕма уӕ рӕдаудзийнади туххӕй!
БАКӔСӔ ВИДЕОРОЛИКМӔ «ӔДЗУХДӔР ХУЫЦАУӔН БУЗНЫГ ДЗУРӔМ СЫМАХ ТЫХХӔЙ» ӔМА АЦИ ФАРСТАТӔБӔЛ ДЗУӔППИТӔ РАТТӔ:
• Нӕ нисайнӕгтӕ цӕбӕл харзгонд цӕунцӕ?
• Зин уавӕри ка бахаудтӕй, уӕхӕн хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕмӕ нӕ бон куд ӕй ӕхцайӕй фӕккӕсун? (Сайти jw.org кӕсӕ статья «Хъуаг кӕм ӕййафынц, уым сӕм фӕкӕсынц».)