НӔ КИРИСТОН ЦАРД
Игъосун кӕнуни фембӕлди цӕбӕл ес радзорӕн?
Йегови фӕндуй, цӕмӕй нӕ нӕ игъосун кӕнуни фембӕлдтӕ (куд иннӕ фембӕлдтӕ, уотӕ) разӕнгард кӕнонцӕ уарзондзийнадӕ ӕма хуарз гъуддӕгтӕмӕ (Дзт 10:24, 25). Уӕхӕн фембӕлд гъӕуама цӕуа 5–7 минутти. (Кӕд иннӕ фембӕлди хуӕдфӕсте уа, уӕдта гъӕуама никки цубурдӕр уа.) Еци рӕстӕгмӕ ӕнсувӕр гъӕуама игъосунгӕнгути радехтӕ кӕна (дугӕйттӕй кенӕ къуӕрттӕй), участоктӕ син райуара ӕма ракова. Ӕнсувӕр гъӕуама бацӕттӕ кӕна, игъосунгӕнгутӕн сӕ бон еци фӕдбӕл испайда кӕнун кӕмӕй уа, уӕхӕн ӕрмӕг. Зӕгъӕн, сабати игъосун кӕнуни фембӕлди фӕууй, фӕстаг хатт къуӕрей размӕ ка игъосун кодта, берӕ уӕхӕн хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ. Уомӕ гӕсгӕ син, ӕвӕдзи, пайдадӕр уодзӕй, ӕнсувӕр син ку бавдеса, дзубанди райдайӕн куд ес, уой. Уӕхӕн фембӕлди ӕнсувӕри бон ма цӕй туххӕй ӕй радзорун?
-
Радзубанди кӕнӕн куд ес, уой фӕдбӕл «Косӕн тъетрад»-и ци цӕветтонтӕ ес, уонӕбӕл
-
Фӕстаг хабӕртти фӕрци дзубанди райдайӕн куд ес
-
Адӕймаг нин нӕ дзурд ӕрдӕгбӕл ку ӕркъуӕра, уӕд ци ес зӕгъӕн
-
Куд ӕнгъезуй радзорун, Хуцаубӕл ка не ’ууӕндуй, эволюцибӕл ка ӕууӕндуй, ӕндӕр ӕвзагбӕл ка дзоруй ӕма нӕ территорий арӕх кӕбӕл нӕ фембӕлдзӕнӕ, уӕхӕн динбӕл хуӕст адӕни хӕццӕ
-
Сайтӕй jw.org, приложенийӕй JW Library® ӕма Библий функцитӕй куд ес пайда кӕнӕн
-
Рӕстдзийнадӕ амонунмӕ нин ци косӕндзаумӕуттӕ ес, уонӕй куд ес пайда кӕнӕн
-
Игъосунгӕнгутӕн сӕ бон куд ӕй исахур ун: Библий ахур уадзун, адӕни нӕуӕгӕй бӕрӕг кӕнун, стенди хӕццӕ, финстӕгутӕй ӕма телефонӕй игъосун кӕнун
-
Тӕссаг уавӕртӕй хе гъӕуай кӕнӕн куд ес кенӕ уавӕртӕмӕ гӕсгӕ дзурд феййевӕн куд ес; игъосунгӕнгӕй нӕхе куд гъӕуама дарӕн кенӕ нӕ участоктӕмӕ ци цӕстӕй гъӕуама кӕсӕн, уобӕл
-
Брошюрӕй «Хуӕздӕр кӕсӕ ӕма иннети ахур кӕнунмӕ арӕхсӕ» цӕхуӕндӕр урокбӕл кенӕ видеороликбӕл
-
Ке хӕццӕ игъосун кӕнӕн, уомӕн ӕ нифс бафедар кӕнӕн куд ес, удта ин куд ес банхус кӕнӕн, цӕмӕй арӕхстгундӕрӕй игъосун кӕна
-
Игъосун кӕнунмӕ ка хауй, уӕхӕн стихбӕл кенӕ, нифс ка бафедар кӕндзӕй, уӕхӕн цаубӕл