НӔ КИРИСТОН ЦАРД
Хуӕртӕн сӕ бон куд ӕй Йеговӕн фулдӕр лӕггадӕ кӕнун?
Паддзахади гъуддагӕн хуӕртӕ устур ӕнхус ӕнцӕ (Пс 68:11). Берӕ Библий ахуртӕ уадзунцӕ, удта пионертӕн дӕр сӕ фулдӕр хуӕртӕ ’нцӕ. Мингай хъиамӕтгун хуӕртӕ ӕнхус кӕнунцӕ Вефилти ӕма арӕзтадон проектти, лӕггадӕ кӕнунцӕ тӕлмацгӕнгутӕй ӕма миссионертӕй. Фӕлтӕрдгун хуӕртӕ федар кӕнунцӕ сӕ бийнонтӕ, удта ӕгас ӕмбурд дӕр (Ӕм 14:1). Ӕма кӕд хуӕртӕн сӕ бон нӕй хестӕр нӕлгоймӕгтӕй ӕма кӕстӕреуӕггӕнӕг ӕнсувӕртӕй лӕггадӕ кӕнун, уӕддӕр сӕ бон ӕй ӕмбурдӕн устур пайда хӕссун. Хуӕртӕ, уӕ бон уӕ рази цӕхуӕн нисӕнттӕ ’й ӕвӕрун?
-
Дӕ уодигъӕди рӕсугъд менеугутӕ ирӕзун кӕнӕ (1Тм 3:11; 1Пт 3:3–6)
-
Ӕвӕлтӕрд хуӕртӕн ӕнхус кӕнӕ (Тит 2:3–5)
-
Фулдӕр игъосун кӕнӕ ӕма архайӕ, цӕмӕй арӕхстгундӕр ахургӕнӕг исуай
-
Ӕндӕр ӕвзаг исахур кӕнӕ
-
Игъосунгӕнгутӕ кӕми нӕ фагӕ кӕнуй, уӕхӕн рауӕнмӕ рандӕ уо
-
Вефили лӕггадӕ кӕнунмӕ кенӕ арӕзтадон гъуддӕгти архайунмӕ курдиадӕ бадӕттӕ
-
Хуцауи Паддзахадӕ игъосунгӕнгути скъолай ахур кӕнунмӕ курдиадӕ бадӕттӕ
БАКӔСӔ ВИДЕОРОЛИКМӔ «ХИЦАУЫ ХЪУЫДДАДЖЫ ЗӔРДИАГӔЙ ЧИ АРХАЙЫ, УЫЦЫ СЫЛГОЙМӔГТӔ» ӔМА АЦИ ФАРСТАБӔЛ ДЗУАПП РАТТӔ:
-
Аци хуӕртӕ ци радзурдтонцӕ, е дӕ цӕмӕ баразӕнгард кодта?