Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

НӔ КИРИСТОН ЦАРД

Сугъдӕг хъаури фӕрци нӕ къохи зин гъуддаг бафтудӕй

Сугъдӕг хъаури фӕрци нӕ къохи зин гъуддаг бафтудӕй

Историй дӕргъи Хуцауи лӕггадгӕнгутӕ берӕ аллихузи зин гъуддӕгтӕ искодтонцӕ. Е син бантӕстӕй, цӕмӕдӕр хуарз ке арӕхстӕнцӕ, уой туххӕй нӕ, фал Йегови ӕнхуси фӕрци. 1954 анзи Йегови организаци рауагъта кино «Нӕуӕг дуйней ка цӕрдзӕй, еци адӕн». Ба ибӕл хъиамӕт кодтонцӕ, Вефили ка лӕггадӕ кодта, етӕ, фал кинотӕ куд кӕнгӕ ’й, уомӕн ба неци зудтонцӕ. Мадта еци зин гъуддаг сӕ къохи бафтудӕй ӕрмӕстдӕр Йегови сугъдӕг хъаури фӕрци. Аци хабарӕй бӕрӕг ӕй, нӕ нифс Йеговӕбӕл ку дарӕн, уӕд нин алцидӕр бантӕсдзӕй, цийфӕнди зин гъуддаг нин ма баихӕс кӕна, уӕддӕр (Зх 4:6).

БАКӔСӔ ВИДЕОРОЛИКМӔ «КУЫД ИСТАМ КИНОНЫВ „НОГ ДУНЕЙЫ ЧИ ЦӔРДЗӔН, УЫЦЫ АДӔМ“» ӔМА АЦИ ФАРСТАТӔБӔЛ ДЗУӔППИТӔ РАТТӔ:

  • Ӕнсувӕрти цӕмӕн бафӕндадтӕй Йегови Ӕвдесӕнти сӕйраг хайади туххӕй кино исесун?

  • Вефили ка лӕггадӕ кӕнуй, уони адӕймаги бауӕри иуӕнгти хӕццӕ цӕмӕн ес рабарӕн? (1Кр 12:14–20)

  • Кино есгӕй ӕнсувӕртӕ цӕхуӕн зиндзийнӕдтӕбӕл исӕмбалдӕнцӕ ӕма сӕ сӕрти куд рахизтӕнцӕ?

  • Аци видеороликкӕй Йегови сугъдӕг хъаури туххӕй ци базудтай?