ХУЦАУИ ДЗУРДИ ХӔЗНАТӔ
Фӕлмӕн дзуаппи фӕрци гъуддаг дзӕбӕхӕй рахецӕн ӕй
Иордани ’скӕсӕн фарсӕй ци муггӕгтӕ цардӕнцӕ, етӕ хъӕбӕр устур нивондхӕссӕн искодтонцӕ (ЙсН 22:10)
Израили иннӕ муггӕгтӕ сӕ фӕффудгин кодтонцӕ, Йегови нихмӕ, дан, рацудӕнцӕ (ЙсН 22:12, 15, 16; w06-OSS 1/5 5 ф., 3 абз.)
Нивондхӕссӕн ка искодта, еци муггӕгтӕ сабурӕй ӕма фӕлмӕнӕй балӕдӕрун кодтонцӕ, нивондхӕссӕн цӕмӕн искодтонцӕ, уой, ӕма уомӕй берети тогкалдӕй багъӕуай кодтонцӕ (ЙсН 22:21–30; w08-OSS 15/11 18 ф., 5 абз.)
Аци хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн? Зӕгъӕн, еске нӕ дзӕгъӕли ку фӕффудгин кӕна, уӕд нӕхе куд гъӕуама дарӕн? Удта, цӕмӕн ӕй ӕхсидзгӕ, цӕхуӕндӕр гъудимӕ ӕрцӕуни разӕй бал исбӕрӕг кӕнун, гъуддаг раст балӕдӕрдтан ӕви нӕ, уой? (Ӕм 15:1; 18:13).