Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

НӔ КИРИСТОН ЦАРД

Дӕ сагъӕсти ӕнаййепп уо

Дӕ сагъӕсти ӕнаййепп уо

Цӕмӕй Йегови цӕсти ӕнаййеп уӕн, уой туххӕй гъӕуама лӕмбунӕг уӕн, нӕхе куд фӕддарӕн ӕма ци фӕдздзорӕн, айдагъ уомӕ нӕ, фал ма нӕ сагъӕстӕмӕ дӕр (Пс 19:14). Уомӕ гӕсгӕ нӕ Библи разӕнгард кӕнуй, цӕмӕй, «цидӕриддӕр ӕй ӕцӕг, цидӕриддӕр ӕй ӕхсидзгӕ, цидӕриддӕр ӕй раст, цидӕриддӕр ӕй кӕдзос, цидӕриддӕр ӕй уарзуйнаг, хуарз цӕмӕйдӕриддӕр фӕззӕгъунцӕ, цидӕриддӕр ӕй хуӕрзӕгъдау ӕма растауйнаг,– уонӕбӕл гъуди кӕнӕн алкӕддӕр» (Фп 4:8). Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, нӕ бон уотӕ бакӕнун нӕй, цӕмӕй нӕ сӕри лӕгъуз гъудитӕ макӕд фӕззиннонцӕ. Фал нӕхебӕл хуӕцун ку зонӕн, уӕд син нӕ сӕри бунат искӕнун нӕ бауадздзиан ӕма сӕ, Йегови цӕсти хуарз ка ӕй, уӕхӕн гъудитӕй баййевдзиан. Нӕ сагъӕсти ӕнаййепп ку уӕн, уӕд нӕ гъуддӕгтӕ дӕр ӕнаййепп уодзӕнцӕ (Мк 7:21–23).

Алли стихи бунмӕ дӕр ниффинсӕ, цӕхуӕн сагъӕстӕй нӕхе гъӕуама хезӕн.

Ро 12:3

Лк 12:15

Мф 5:28

Фп 3:13