Дзубанди куд ес райдайӕн
«УӔЛӔРВТИ КА ЦӔРУЙ?»
Фарста: Уӕлӕрвти ци ес, уобӕл ескӕд сагъӕс кодтай?
Стих: Ин 8:23
Публикаци: Аци брошюри дзурд цӕуй, Киристе ӕма нин ӕ Фидӕ уӕларвон царди туххӕй ци раргом кодтонцӕ, уобӕл.
РӔСТДЗИЙНАДӔ АМОНӔ
Фарста: Ӕвӕдзи исарази уодзӕнӕ, аци пахампарадӕ мах рӕстӕги ке ’нхӕст кӕнуй, уобӕл?
Стих: 2Тм 3:1–5
Рӕстдзийнадӕ: Фӕстаг бӕнтти туххӕй Библий ци финст ес, е мах рӕстӕги ке ӕнхӕст кӕнуй, уомӕ гӕсгӕ нӕ бон ӕй ӕууӕндун, федӕни туххӕй си ци финст ес, е дӕр ке исӕнхӕст уодзӕй, уобӕл.
«БИБЛИ АХУР КӔНУН ЦӔМӔН ГЪӔУЙ?» (видеоролик)
Раздзурд: Адӕнӕн ӕвдесӕн цубур видеоролик. Дзурд си цӕуй, царди ӕхсидзгӕдӕр фарстатӕбӕл дзуӕппитӕ кӕми ес иссерӕн, уобӕл. [Бавдесӕ видеролик. Адӕймаг дзӕбӕх ку байгъоса, уӕд радзубанди кӕнӕ пъланбӕл «Нӕ исони бон». Кенӕ ин, еци теми хӕццӕ баст ка ӕй, уӕхӕн буклет ниууадзӕ.]
Публикаци (пъланбӕл ку дзорайтӕ): Аци пълани уинис цалдӕр ӕхсидзгӕ гъудий. Ӕхсидзгӕ уомӕн ӕнцӕ, ӕма Библийӕй ист ӕнцӕ. Кӕд дӕ фӕндӕуа хӕдзари аци стихтӕ дӕ Библий бакӕсун, уӕд ӕй базондзӕнӕ, Хуцау, дуйней ци зиндзийнӕдтӕ ес, уонӕн кӕрон куд искӕндзӕй, уой.
ДӔХУӔДӔГ ДЗУБАНДИ КУД РАЙДАИСӔ
Уӕлдӕр ци цӕветтонтӕ ес, уонӕмӕ гӕсгӕ ӕргъуди кӕнӕ, дӕхуӕдӕг дзубанди куд райдаисӕ, уой.