Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

НӔ КИРИСТОН ЦАРД

Пълӕнтти фӕрци нӕ бон куд ӕй нӕхе игъосун кӕнунмӕ цӕттӕ кӕнун

Пълӕнтти фӕрци нӕ бон куд ӕй нӕхе игъосун кӕнунмӕ цӕттӕ кӕнун

Фиццаг ӕноси киристӕнттӕй алкӕмӕ н’ адтӕй Финстади тухтӕнттӕ. Фал уӕддӕр игъосун кӕнгӕй сӕ бон адтӕй адӕни хӕццӕ Финстадӕмӕ гӕсгӕ дзубанди кӕнун (Гъд 17:2, 3). Мах дӕр еци киристӕнтти фӕнздзиан, нӕхе рагацау ку цӕттӕ кӕнӕн Библимӕ гӕсгӕ дзорун, уӕд. Уотемӕй игъосун кӕнгӕй нӕ бон уодзӕй кефӕнди хӕццӕ дӕр радзорун.

НӔ БОН КУД ӔЙ НӔХЕ ЦӔТТӔ КӔНУН? Алли пълани дӕр цубуртӕй финст ӕнцӕ Библий ахурӕдтӕ ӕма стихтӕ. Еци стихтӕ куд лӕдӕрун кӕнун гъӕуй, е кӕми финст ӕй? Пълӕнтти ци стихтӕ ес, уони туххӕй раздӕр дзурд цудӕй нӕ публикацити. Хуарз уайдӕ, нӕхе цӕттӕ кӕнгӕй, еци статьятӕ ку бакӕсианӕ, цӕмӕй базонӕн, еуӕй-еу стихтӕ куд лӕдӕргӕ ’нцӕ, уой. Еци гъудитӕ еуӕй-еу игъосунгӕнгутӕ гъуди бакӕнунцӕ, иннетӕ ба сӕ пълӕнтти стихи фарсмӕ ниффинсунцӕ. Еци стихмӕ ӕнгъезуй иссерун ести цӕветтон дӕр. Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ дин зӕрдиагӕй банхус кӕндзӕнцӕ уӕхӕн статьятӕ байагорунмӕ. Пълани берӕ ӕрмӕг ке нӕййес, уомӕ гӕсгӕ Библий ахур ка уадзуй, е гъӕуама дзӕбӕх цӕттӕ уа, цӕмӕй еци ӕрмӕги фӕрци ӕ ахуркӕнуйнагӕн банхус кӕна. Кӕд нӕмӕ Библи ахур кӕнунӕн сӕйраг публикаци нӕййес, уӕддӕр статьятӕй ку пайда кӕнӕн, уӕд нӕ ахуркӕнуйнагӕн банхус кӕндзиан, цӕмӕй е ’ууӕндундзийнадӕ федар кӕна ӕма фӕлварӕнти рӕстӕг федар уа.

ӔРМӔГ ЗӔРДӔБӔЛ ӔРЛӔУУН КӔНӔН. Алли пълани кӕрони дӕр ма ес никкидӕр Библий стихтӕ ӕма уони дӕр гъӕуй кӕсун ӕма лӕдӕрун кӕнун. Хуарз уайдӕ стихтӕмӕ рагацау фарстатӕ ку бацӕттӕ кӕнианӕ, цӕмӕй ахуркӕнуйнаг ӕрмӕг ӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кӕна. Кӕд статьябӕл дзубанди кӕндзиайтӕ, удта уӕ бон ӕй, уоми ци фарстатӕ ес, уонӕй испайда кӕнун.

НӔ НИСАН НӔ КЪОХИ БАФТУЙДЗӔЙ. Апостол Павел исахур ӕй адӕни хӕццӕ Финстадӕмӕ гӕсгӕ дзубанди кӕнун (Гъд 17:2). Цӕмӕй мах дӕр уотӕ арӕхсӕн, уой туххӕй гъӕуама нӕхе цӕттӕ кӕнӕн. Еци гъуддагӕн рӕстӕг ку не ’вгъау кӕнӕн, уӕд ӕцӕгӕйдӕр алли хуарз гъуддагмӕ дӕр алцӕмӕйдӕр цӕттӕ уодзиан (2Тм 3:17).