НӔ КИРИСТОН ЦАРД
Ӕригӕнттӕ, ма фӕстеуат кӕнтӕ «устур дуарбӕл» бацӕун
Ӕригӕнттӕмӕ уотӕ фӕккӕсуй, ӕма алкӕддӕр ӕригон уодзӕнцӕ ӕма, каргунтӕ Сайтани дуйней ци «фудбӕнттӕ» ӕвзарунцӕ, уони сӕхебӕл некӕд бавзардзӕнцӕ (Ек 12:1). Кӕд ӕригон дӕ, уӕд дин, ӕвӕдзи, фулдӕр рӕстӕг ес, цӕмӕй дӕ рази нисӕнттӕ ӕвӕрай ӕма Хуцауӕн фулдӕр лӕггадӕ кӕнай. Ка ’й зонуй дӕ бафӕндӕуа пионерӕй лӕггадӕ кӕнун.
«Кӕд кӕбӕл ци ’рцӕудзӕй, уой неке зонуй» – аци дзурдтӕ ӕригӕнттӕмӕ дӕр хаунцӕ (Ек 9:11). Сауӕнгӕ ма нӕбӕл «исон ци ’рцӕудзӕй, уой дӕр нӕ зонӕн» (Иак 4:14). Мадта уа рази нисӕнттӕ ӕвӕретӕ ӕма архайетӕ, цӕмӕй уа къохи бафтуйонцӕ. Цалинмӕ уин «лӕггадӕ кӕнунмӕ устур дуар игон ӕй», уӕдмӕ имӕ бацотӕ (1Кр 16:9). Уобӕл некӕд фӕффӕсмон кӕндзиайтӕ.
Цӕхуӕн нисӕнттӕ ӕнгъезуй исӕвӕрун:
-
Ӕндӕр ӕвзагбӕл игъосун кӕнун
-
Пионерӕй лӕггадӕ кӕнун
-
Нӕ организаций скъолатӕй ескӕцими ахур кӕнун
-
Арӕзтадон гъуддӕгти лӕггадӕ кӕнун
-
Вефили лӕггадӕ кӕнун
-
Районон цӕстӕдарӕгӕй лӕггадӕ кӕнун