Библимӕ гӕсгӕ хуарз уосӕ цӕхуӕн ӕй
Ӕмбесӕндти 31-аг сӕри финст ес, паддзах Лемуилӕн ӕ мадӕ ци ӕхсидзгӕ унаффӕ равардта, е. Еци зундгин унаффи фӕрци балӕдӕрдтӕй, хуарз уосӕн цӕхуӕн менеугутӕ гъӕуама уа, уой.
Хуарз уосӕбӕл ӕ сӕрихецау ӕ зӕрдӕ даруй
-
Бийнонти ести унаффӕ рахӕссун ку гъӕуа, уӕд уосӕ ӕ лӕгӕн ӕ гъуди балӕдӕрун кӕндзӕй, фал уӕддӕр ӕ коммӕ кӕсдзӕй
-
Лӕг зонуй, ӕ уосӕ раст унаффӕ ке фӕххӕссуй, ӕма не ’нгъӕлмӕ кӕсуй, алли фарстӕй фӕдбӕл дӕр ӕй ке фӕрсдзӕй, уомӕ
Хуарз уосӕ кустуарзагӕ ’й
-
Хумӕтӕг цард кӕнуй ӕма архайуй, цӕмӕй ӕхца дзӕгъӕли ма харз кӕна. Уомӕ гӕсгӕ ӕ бийнонтӕ уӕздан ӕма рӕсугъд арӕзт фӕуунцӕ, удта ма, ци бахуӕронцӕ, е син алкӕддӕр фӕууй
-
Ӕй ӕнӕзийнадӕ ӕма ӕхсӕвӕй-бонӕй ӕ хӕдзарӕмӕ зелуй