НӔ КИРИСТОН ЦАРД
«Ӕ сӕрихецауи ин базонунцӕ... горӕти колдуари рази»
Нӕлгоймагбӕл бӕрӕг фӕууй, хуарз бийнойнаг ин ке ес, е. Паддзах Лемуили рӕстӕг хуарз бийнойнаг кӕмӕн адтӕй, уӕхӕн лӕги «горӕти колдуари рази» зудтонцӕ (Ӕм 31:23). Мах рӕстӕги берӕ нӕлгоймӕгтӕ лӕггадӕ кӕнунцӕ кӕстӕреуӕггӕнӕг ӕнсувӕртӕй кенӕ хестӕр нӕлгоймӕгтӕй. Кӕд уӕхӕн ӕнсувӕртӕн бийнонтӕ ес, уӕд син сӕ бийнойнӕгтӕ зӕрдиагӕй ӕнхус кӕнунцӕ, цӕмӕй Хуцауи гъуддаги сӕ ихӕстӕ хуарз ӕнхӕст кӕнонцӕ (1Тм 3:4, 11). Уӕхӕн хуарз бийнойнӕгтӕн ӕрмӕст сӕ сӕрихецӕуттӕ нӕ аргъ кӕнунцӕ, фал ма ӕгас ӕмбурд дӕр.
Хуарз уосӕ ӕ сӕрихецауӕн ӕ лӕггади ӕнхус кӕндзӕй...
-
фӕлмӕн дзурдтӕй ӕй ку федар кӕна (Ӕм 31:26)
-
ӕмбурди гъуддӕгтӕн ӕй ку не ’вгъау кӕна (1Фс 2:7, 8)
-
хумӕтӕг цард ку кӕна (1Тм 6:8)
-
ку ’й нӕ фӕрса, дзорӕн кӕмӕн нӕййес, уӕхӕн гъуддӕгти туххӕй (1Тм 2:11, 12; 1Пт 4:15)