Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

НӔ КИРИСТОН ЦАРД

Киндзӕхсӕвӕр пълан кӕнгӕй аци дуйне ма фӕнзетӕ

Киндзӕхсӕвӕр пълан кӕнгӕй аци дуйне ма фӕнзетӕ

Сӕ цард байеу кӕнунмӕ ка фӕгъгъавуй, еци киристӕнтти берӕ унаффитӕ фӕгъгъӕуй рахӕссун. Ка ’й зонуй сӕмӕ уотӕ кӕсуй, ӕма бунӕттон ӕгъдаумӕ гӕсгӕ гъӕуама устур бӕрӕгбон искӕнонцӕ. Хеуӕнттӕ ӕма ӕмбӕлттӕ дӕр сӕ хуарззӕрдӕй берӕ аллихузи унаффитӕ фӕккӕнунцӕ. Цума лӕхъуӕн ӕма кизгӕн Библийӕй цӕхуӕн уагӕвӕрдтӕ банхус кӕндзӕнцӕ, цӕмӕй сӕ уой фӕсте сӕ цӕсгон ма хуӕра, мацӕбӕл фӕсмон кӕнонцӕ ӕма син еци дессаги бон сӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кӕнун ӕхцӕуӕн уа?

БАКӔСӔ ВИДЕОРОЛИКМӔ «ЙЕГЪОВӔЙӔН КАД ЧИ ХӔССЫ, АХӔМ ЧЫНДЗӔХСӔВТӔ» ӔМА АЦИ ФАРСТАТӔБӔЛ ДЗУӔППИТӔ РАТТӔ:

  • Дӕлдӕр финст Библий уагӕвӕрдтӕ Ник ӕма Джулианӕн куд банхус кодтонцӕ?

  • Лӕхъуӕн ӕма кизгӕ, ӕууӕнкӕ кӕбӕл ес, уӕхӕн ӕнсувӕри цӕмӕн гъӕуама равзаронцӕ, цӕмӕй сӕ киндзӕхсӕвӕр куд рацӕудзӕй, уомӕ ӕ гъос фӕддара?

  • Ник ӕма Джулиани кӕцидӕр гъуддӕгти сӕхе куд бафӕндадтӕй бакӕнун ӕма цӕмӕн?

  • Киндзӕхсӕвӕри фӕдбӕл унаффитӕ хӕссуни ихӕс фиццагидӕр кӕбӕл ӕй? (w06-OSS 1/11 19 ф., 10 абз.)