Израилӕгтӕй мӕгур ка адтӕй, уони бон дӕр адтӕй Йегови хӕццӕ фӕрнӕй цӕрун. Сауӕнгӕ ма ӕгасемӕй мӕгурдӕр ка адтӕй, уони бон дӕр адтӕй Йеговӕн нивӕндтӕ хӕссун, ӕрмӕст гъӕуама хастайуонцӕ, хуӕздӕрӕй сӕмӕ ци адтӕй, уой. Сӕ бон адтӕй нивондӕн инсад хӕссун, фал Йегови фӕндонмӕ гӕсгӕ инсад дӕр гъӕуама ӕгасемӕй хуӕздӕр адтайдӕ, кадгин иуазгутӕн дзол кӕмӕй фӕккӕниуонцӕ, уӕхӕн (Рд 18:6). Абони Йеговӕн хӕссӕн «кади нивӕндтӕ». Ӕвӕдзи, нӕ уавӕртӕмӕ гӕсгӕ нӕ бон берӕ нӕй. Фал Йеговӕн ӕхсидзгӕ ’й, цӕмӕй ин хуӕздӕрӕй нӕмӕ ци ес, уой дӕттӕн (Дзт 13:15).
Кӕд де ’нӕнездӕийнадӕ ӕрлӕмӕгъ ӕй кенӕ де ’уӕнгти хъаурӕ нӕбал ес, ӕма уой туххӕй дӕ бон раздӕри хузӕн лӕггадӕ кӕнун нӕбал ӕй, уӕд дин аци гъудитӕ куд банхус кӕндзӕнцӕ?