НӔ КИРИСТОН ЦАРД
Ӕцӕг киристӕнтти астӕу ес уарзондзийнадӕ. Хеуарзон ма уо ӕма уайтагъд ма рамӕстгун уисӕ
Е ӔХСИДЗГӔ ЦӔМӔН ӔЙ. Киристе дзурдта, ӕ ахуркӕнуйнӕгти сӕ уарзондзийнадӕй базонӕн ке уодзӕй (Ин 13:34, 35). Цӕмӕй Киристей хузӕн уарзондзийнадӕ ӕвдесӕн, уой туххӕй гъӕуама сагъӕс кӕнӕн, иннетӕн куд хуӕздӕр уа, уобӕл ӕма мӕстгун кӕнунмӕ ма тагъд кӕнӕн (1Кр 13:5).
УОМӔН КУД ЕС ГӔНӔН:
-
Еске загъд кенӕ миуӕ дин гъулӕг ку уа, уӕд ӕрлӕууӕ ӕма расагъӕс кӕнӕ, хабар цӕй медӕги ӕй, удта мӕстӕй ку рафицай, уӕд е цӕмӕ ӕркӕндзӕй, уобӕл (Ӕм 19:11)
-
Дӕ зӕрдӕбӕл дарӕ, алкедӕр ни ӕнӕнхӕст ке ӕй ӕма еуӕй-еухатт ци фӕдздзорӕн кенӕ ци фӕккӕнӕн, уобӕл фӕстӕдӕр ке рафӕсмон кӕнӕн
-
Кӕрӕдзей ци гъуддаги нӕ балӕдӕрдтайтӕ, уобӕл уайтагъддӕр радзубанди кӕниайтӕ ӕма бафедауиайтӕ
БАКӔСӔ ВИДЕОРОЛИКМӔ «„УӔ КӔРӔДЗИЙЫ... УАРЗУТ“. ХИУАРЗОН МА УТ ӔМӔ-ИУ УАЙТАГЪД МА РАМӔСТЫ УТ» ӔМА АЦИ ФАРСТАТӔБӔЛ ДЗУӔППИТӔ РАТТӔ:
-
Том Ларийӕн ци загъта, уомӕ Лари ци цӕстӕй ракастӕй?
-
Томӕн ци банхус кодта, цӕмӕй уайтагъд ма рамӕстгун адтайдӕ?
-
Том фӕлмӕнӕй дзуапп ке равардта, уой фӕрци гъуддаг цӕбӕл ниллух ӕй?