Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

НӔ КИРИСТОН ЦАРД

Ӕцӕг киристӕнтти астӕу ес уарзондзийнадӕ. Ӕмбурди еудзийнадӕ гъӕуай кӕнӕ

Ӕцӕг киристӕнтти астӕу ес уарзондзийнадӕ. Ӕмбурди еудзийнадӕ гъӕуай кӕнӕ

Е ӔХСИДЗГӔ ЦӔМӔН ӔЙ. Ӕ мӕлӕти разӕй, еци ӕхсӕвӕ Киристе кувта, цӕмӕй ӕ ахуркӕнуйнӕгтӕ «алли гъуддаги дӕр еудзийнади уонцӕ» (Ин 17:23). Цӕмӕй нӕ астӕу еудзийнадӕ уа, уой туххӕй гъӕуама кӕрӕдзей уарзӕн ӕма нин лӕгъузӕй ка ци ракодта, уони ма нимайӕн (1Кр 13:5).

УОМӔН КУД ЕС ГӔНӔН:

  • Йегови фӕнзӕ – архайӕ иннетӕн сӕ хуарз менеугутӕ уинун

  • Зӕрдӕй хатир кӕнӕ

  • Гъуддаг ку ниллух кӕнайтӕ, уӕд ибӕл нӕуӕгӕй дзорун мабал райдайӕ (Ӕм 17:9)

БАКӔСӔ ВИДЕОРОЛИКМӔ «„УӔ КӔРӔДЗИЙЫ... УАРЗУТ“. ӔВЗӔРӔЙ УЫН ЧИ ЦЫ РАКОДТА, УЫДОН МА НЫМАЙУТ» ӔМА АЦИ ФАРСТАТӔБӔЛ ДЗУӔППИТӔ РАТТӔ:

  • Видеороликкӕн ӕ фиццаг хаййи куд зиннуй, Хелен, лӕгъузӕй ин ка ци ракодта, уони ке нимадта?

  • Видеороликкӕн ӕ дуккаг хаййӕй куд зиннуй, Хелен ӕ зундахаст ке раййивта?

  • Хелен ӕмбурди еудзийнадӕ куд багъӕуай кодта?

Лӕгъузӕй нин ка ци ракодта, уони ку нимайӕн, уӕд фуддӕр кӕмӕн кӕнӕн?