Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

ХУЦАУИ ДЗУРДИ ХӔЗНАТӔ | РАЦУД 33, 34

Йегови дессаги менеугутӕ

Йегови дессаги менеугутӕ

34:5–7

Йеговӕ цӕхуӕн менеугути хецау ӕй, уой Моисей хуарз лӕдӕрдтӕй ӕма уой фӕрци израилӕгти хӕццӕ фӕразонӕй архайдта. Мах дӕр Йегови менеугутӕ хуӕздӕр базонунбӕл ку архайӕн, уӕд нӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕдӕр уодзиан.

  • «Фӕлмӕнзӕрдӕ ӕма тӕрегъӕдгӕнагӕ». Йеговӕ ӕ лӕггадгӕнгути фӕлмӕн уарзтӕй уарзуй ӕма сӕбӕл тухсуй, фидӕ ӕ сувӕллонбӕл куд фӕттухсуй, уотӕ.

  • «Мӕстгун кӕнунмӕ тагъд нӕ кӕнуй». Йеговӕ ӕ лӕггадгӕнгути хӕццӕ фӕразон ӕй. Е син сӕ рӕдудтитӕмӕ нӕ никкомкоммӕ уй, фал син исраст унмӕ рӕстӕг раттуй.

  • «Ӕнӕкӕрон ӕй е ’новуд уарзт». Йеговӕ ӕ адӕни ӕновуд уарзтӕй уарзуй ӕма ӕносмӕ се ’мбал уодзӕй.

ДӔХЕ БАФӔРСӔ: «Мӕ бон куд ӕй Йегови фӕнзун, цӕмӕй ӕз дӕр фӕлмӕнзӕрдӕ ӕма тӕрегъӕдгӕнагӕ уон?»