Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

НӔ КИРИСТОН ЦАРД

Ӕригӕнттӕ, Йеговӕ уӕ хуӕздӕр ӕмбал ӕй?

Ӕригӕнттӕ, Йеговӕ уӕ хуӕздӕр ӕмбал ӕй?

Де ’мбӕлтти менеугутӕй хъӕбӕрдӕр кӕцитӕн аргъ кӕнис? Ӕвӕдзи, еузӕрдон, фӕлмӕнзӕрдӕ ӕма рӕдау ке ӕнцӕ, уомӕн. Еци менеугутӕ Йеговӕмӕ дӕр ӕнцӕ (Рц 34:6; Гъд 14:17). Е дин дӕ кувдтитӕмӕ игъосуй. Зин уавӕрти дин ӕнхус кӕнуй (Пс 18:19, 35). Дӕ рӕдудтитӕ дин хатир кӕнуй (1Ин 1:9). Дзурд дӕр ибӕл нӕййес, Йеговӕй хуӕздӕр ӕмбал ке нӕййес!

Дӕу бон ба ци ӕй кӕнун, цӕмӕй Йегови ӕмбал уай? Библи кӕсгӕй Йегови хуӕздӕр базонунбӕл архайӕ. Ахур кӕнӕ Йеговӕбӕл дӕ зӕрдӕ дарун (Пс 62:8; 142:2). Хъазар ин ци ӕй, уомӕн ду дӕр аргъ кӕнӕ: ӕ Фуртӕн, ӕ Паддзахадӕн ӕма ӕ зӕрдӕвӕрдтӕн. Йегови туххӕй иннетӕн дзорӕ (Д.з 32:3). Ку архайай, цӕмӕй имӕ хӕстӕгдӕр кӕнай, уӕд Йеговӕ ӕносмӕ де ’мбал уодзӕй (Пс 73:25, 26, 28).

БАКӔСӔ ВИДЕОРОЛИКМӔ «ӔРЫГӔТТӔ, „БАФӔЛВАРУТ ӔМӔ БАЗОНУТ, ЙЕГЪОВӔ КУЫД ХОРЗ У, УЫЙ“» ӔМА АЦИ ФАРСТАТӔБӔЛ ДЗУӔППИТӔ РАТТӔ:

  • Цӕмӕй дӕхе Йеговӕн иснивонд кӕнай ӕма донаргъуд райсай, уой туххӕй дӕ ци кӕнун гъӕуй?

  • Ӕмбурди иннети бон дин куд ӕй банхус кӕнун, цӕмӕй Йеговӕн лӕггадӕ кӕнай?

  • Игъосун кӕнуни гъуддаги ку архайай, уӕд дин е куд банхус кӕндзӕй, цӕмӕй Йеговӕмӕ хӕстӕгдӕр кӕнай?

  • Йеговӕмӕ хӕстӕгдӕр кӕнӕ, ӕма ӕносмӕ де ’Мбал уодзӕй!

    Йеговӕн лӕггадӕ кӕнунмӕ дин цӕхуӕн фадуӕттӕ ес?

  • Йегови цӕй туххӕй уарзис?