Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

НӔ КИРИСТОН ЦАРД

Зеу ноябри – игъосун кӕндзиан Хуцауи Паддзахади туххӕй

Зеу ноябри – игъосун кӕндзиан Хуцауи Паддзахади туххӕй

Йесо Киристе «Хуцауи Паддзахади туххӕй хуарз хабар игъосун кодта» (Лк 4:43). Удта ма адӕнӕн дзурдта, цӕмӕй еци Паддзахади туххӕй кувтайуонцӕ (Мф 6:9, 10). Ноябри нин уодзӕй зеу – игъосун кӕндзиан Хуцаи Паддзахади туххӕй (Мф 24:14). Дӕ гъуддӕгтӕ уотӕ испълан кӕнӕ, цӕмӕй еци зеуи ӕгас хъауритӕй байархайай. Еци мӕйи ӕнхусгӕнӕг пионертӕй ка лӕггадӕ кӕнуй, уонӕн сӕ бон уодзӕй кенӕ 30 сахатти, кенӕ 50 сахатти балӕггадӕ кӕнун.

Хуцауи Паддзахади туххӕй Библий ци стихтӕ ес, уонӕй ескӕци, гӕнӕн ӕма амалӕй, фулдӕр адӕнӕн бакӕсӕ. Стих ку ӕвзарай, уӕд дӕ зӕрдӕбӕл дарӕ, уӕ территорий адӕн цӕбӕл ӕууӕндунцӕ, уой. Фиццаг хатт ке хӕццӕ дзорай, уой фулдӕр базонун ку бафӕндӕуа, уӕд ин раттӕ 2020 анзи «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуг»-и 2 номер. Байархайӕ, цӕмӕй имӕ тагъддӕр ӕрбацӕуай ӕма ӕ хӕццӕ Библи ахур кӕнун райдайай, рӕстдзийнадӕ амонунмӕ нин ци публикацитӕ ес, уонӕй ескӕций фӕрци. Хуцауи Паддзахадӕ зӕнхон хецауӕдтӕн кӕрон ку искӕна, уомӕ берӕ нӕбал байзадӕй (Дан 2:44; 1Кр 15:24, 25). Мадта еци зеуи не ’гас хъауритӕй байархайӕн, цӕмӕй Йеговӕ ӕма ӕ Паддзахадӕбӕл еузӕрдон ке ан, уой бавдесӕн!

Хуцауи Паддзахадӕ зӕнхӕбӕл дзенет искӕндзӕй!