НӔ КИРИСТОН ЦАРД
Йегови хӕццӕ дин ци лимӕндзийнадӕ ес, уомӕн аргъ кӕнӕ
Дуйнедарӕг Хуцау Йеговӕ нӕ устур кадӕй исхайгин кодта – нӕ бон ӕй е ’мбӕлттӕ ун. Ӕма ин нӕхе ке иснивонд кодтан, уой фӕрци имӕ нӕ бон ӕй никки хӕстӕгдӕр кӕнун. Ӕ фурти фӕрци нӕ ӕхемӕ ӕрбакодта (Ин 6:44). Нӕ кувдтитӕ нин игъосуй (Пс 34:15).
Йегови хӕццӕ нин ци лимӕндзийнадӕ ес, уой багъӕуай кӕнун нӕ бон куд ӕй? Гъӕуама нӕхе хезӕн, израилӕгтӕ ци скъӕппӕги бахаудтӕнцӕ, уомӕй. Йеговӕ сӕ хӕццӕ бадзурд ку искодта, уомӕй берӕ нӕ рацудӕй, уотемӕй израилӕгтӕ сӕхецӕн сугъзӕрийнӕ уӕс искодтонцӕ ӕма ин ковун райдӕдтонцӕ (Рц 32:7, 8; 1Кр 10:7, 11, 14). Уомӕ гӕсгӕ ни алкедӕр гъӕуй ӕхе бафӕрсун: «Фӕлварӕнбӕл ку исӕмбӕлун, уӕд мӕхе куд фӕддарун? Уотӕ зӕгъӕн ес, ӕма мин Йегови хӕццӕ ци лимӕндзийнадӕ ес, уомӕн аргъ кӕнун?» Йегови ӕгас зӕрдӕй ку уарзӕн, уӕд нӕхе идард дардзиан, е ’сӕфт цӕмӕй уинуй, уомӕй (Пс 97:10).
БАКӔСӔ ВИДЕОРОЛИКМӔ «ЙЕГЪОВӔИМӔ ДЫН ЦЫ ХӔЛАРДЗИНАД ИС, УЫЙ ХЪАХЪХЪӔН (КОЛ. 3:5)» ӔМА АЦИ ФАРСТАТӔБӔЛ ДЗУӔППИТӔ РАТТӔ:
-
Зудӕгӕнагӕ цӕхуӕн адӕймаги ес исхонӕн?
-
Зудӕ кӕнунӕй ӕма мӕнгӕ хуцӕуттӕн ковунӕй нӕхе цӕмӕн гъӕуама хезӕн?
-
Хӕтундзийнадӕ ӕма мӕнгӕхуцӕуттӕн ковунӕн еумӕйагӕй ци ес?
-
Кадгин ихӕстӕ кӕмӕн ес, еци ӕнсувӕрти уӕлдай хъӕбӕрдӕр цӕмӕн гъӕуй архайун, цӕмӕй сӕ бийнойнӕгти хӕццӕ сӕ рӕстӕг еумӕ ӕрветонцӕ?