Египетӕгтӕ мӕнгӕ хуцӕуттӕн ке кувтонцӕ, е, ӕвӕдзи, израилӕгтӕбӕл дӕр рабӕрӕг ӕй. Абони мӕнгӕ хуцӕуттӕн ковунмӕ берӕ гъуддӕгтӕ хаунцӕ, фал еуӕй-еу гъуддӕгтӕ фиццаг бакастӕй бӕрӕг нӕ фӕуунцӕ. Ка ’й зонуй, мӕнгӕ хуцӕуттӕн комкоммӕ ковун ма райдайӕн, фал уӕддӕр, гӕнӕн ес, ӕма нин кадӕр кенӕ цидӕр хуцау исуа, зӕгъӕн нӕ хеуарзон фӕндти фӕдбӕл ку рандӕ уӕн ӕма уой туххӕй Йеговӕн ӕгас зӕрдӕй ку нӕбал лӕггадӕ кӕнӕн, уӕд.
Йеговӕн лӕггадӕ кӕнун мӕ, гӕнӕн ес, цӕхуӕн гъуддӕгтӕ къулумпи кӕнонцӕ? Мӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй мин еци гъуддӕгтӕ Йеговӕй сӕйрагдӕр ма исуонцӕ?