НӔ КИРИСТОН ЦАРД
Де ’фсарӕ идарддӕр дӕр ахур кӕнӕ
Берӕ кӕмӕн бантӕстӕй, уӕхӕн спортсмен гъӕуама идарддӕр дӕр е ’уӕнгтӕ федар кӕна, цӕмӕй ӕ фӕлтӕрддзийнадӕ ма фесафа. Раст гъе уотӕ мах дӕр гъӕуама идарддӕр дӕр нӕ зунд ахур кӕнӕн, цӕмӕй хуарз ци ӕй ӕма ци нӕй, уой ӕртасун зонӕн (Дзт 5:14). Раст зӕгъгӕй нин ӕнцондӕр фӕууй иннети унаффитӕ фӕнзун. Фал гъӕуама сагъӕс кӕнун ахур кӕнӕн ӕма унаффитӕ нӕхуӕдтӕ хӕссӕн. Цӕмӕн? Уомӕн ӕма ни алкедӕр, ӕхуӕдӕг ци унаффитӕ хӕссуй, уонӕбӕл ратдзӕй дзуапп (Ро 14:12).
Уотӕ дӕмӕ ма кӕсӕд, ӕма донаргъуд раги ке райстай, айдагъ уой фӕрци дӕр зундгин унаффитӕ ке хӕсдзӕнӕ. Цӕмӕй зундгин унаффитӕ хӕссӕн, уой туххӕй гъӕуама нӕ зӕрдӕ еугурӕйдӕр дарӕн Йеговӕбӕл, ӕ Дзурдбӕл ӕма ӕ организацибӕл (ЙсН 1:7, 8; Ӕм 3:5, 6; Мф 24:45).
БАКӔСӔ ВИДЕОРОЛИКМӔ «УӔ ЦӔСГОМ СЫГЪДӔГ УӔД» ӔМА АЦИ ФАРСТАТӔБӔЛ ДЗУӔППИТӔ РАТТӔ:
-
Эмми цӕхуӕн унаффӕ гъудӕй рахӕссун?
-
Адӕймаг е ’фсарӕмӕ гӕсгӕ ци унаффитӕ фӕххӕссуй, уони туххӕй ци гъуди кӕнӕн, уой ин цӕмӕн гъӕуама ма дзорӕн?
-
Эммӕн еу бийнонтӕ цӕхуӕн хуарз унаффӕ равардтонцӕ?
-
Эммӕ, ӕ уавӕри хузӕдӕр куд адтайдӕ бакӕнун, уой фӕдбӕл хуарз унаффитӕ кӕми иссирдта?