Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

НӔ КИРИСТОН ЦАРД

Алкӕддӕр Йегови дӕ зӕрдӕбӕл дарӕ

Алкӕддӕр Йегови дӕ зӕрдӕбӕл дарӕ

Куст иссерун нин зин ку фӕууй, уӕд нин Хуцауи Паддзахадӕ фиццаг бунати ӕвӕрун зиндӕр фӕууй. Гӕнӕн ес, ӕма исарази уӕн, Йеговӕн лӕггадӕ кӕнунмӕ нӕ ка хъор кӕна ӕма Библий уагӕвӕрдти нихмӕ ка уа, уӕхӕн кустбӕл. Фал гъӕуама федарӕй ӕууӕндӕн, Йеговӕ цӕттӕ ке ӕй, «ӕ зӕрдӕ ӕнӕгъӕнӕй ӕ хӕццӕ кӕмӕн ӕй», уони туххӕй ӕ хъаурӕ бавдесунмӕ (2Анз 16:9). Йегови неке ӕма неци бахъор кӕндзӕй, цӕмӕй нин ратта, ци гъӕуагӕ ан, уой (Ро 8:32). Уомӕ гӕсгӕ кусти туххӕй унаффӕ ку хӕссӕн, уӕд гъӕуама нӕ зӕрдӕ ӕгасӕйдӕр Йеговӕбӕл дарӕн ӕма игъосун кӕнуни гъуддаг идарддӕр дӕр царди фиццаг бунати ӕвӕрӕн (Пс 16:8).

БАКӔСӔ ВИДЕОРОЛИКМӔ «ӔППӔТ УДӔЙ ЛӔГГАД КӔН ЙЕГЪОВӔЙӔН» ӔМА АЦИ ФАРСТАТӔБӔЛ ДЗУӔППИТӔ РАТТӔ:

  • Джейсон ӕхца райсун цӕмӕннӕ бакумдта?

  • Нӕ бон куд ӕй Колоссӕгтӕмӕ 3:23 финст уагӕвӕрдӕй испайда кӕнун?

  • Джейсони цӕветтон Томаси цӕмӕ баразӕнгард кодта?

  • Йеговӕн уой барӕ дӕттӕ, цӕмӕй дин ӕнхус кӕна раст унаффитӕ хӕссун ӕма уонӕмӕ гӕсгӕ архайун

    Нӕ бон куд ӕй Матфеййи 6:22 финст уагӕвӕрдӕй испайда кӕнун?