АРӔХСТГУНДӔРӔЙ ИГЪОСУН КӔНӔ | ИГЪОСУН КӔНУНИ ГЪУДДАГ УИН ФУЛДӔР ЦИЙНӔ ХӔССӔД
Библи ӕртасунмӕ косӕндзаумӕуттӕй пайда кӕнтӕ
Цӕмӕй арӕхстгундӕрӕй игъосун кӕнӕн, уой туххӕй нин Йеговӕ дӕттуй аллихузи косӕндзаумӕуттӕ, зӕгъӕн: видеороликтӕ, буклеттӕ, журналтӕ, брошюритӕ, киунугутӕ ӕма нӕ сӕйраг косӕндзаумау – Библи (2Тм 3:16). Дӕттуй ма нин косӕндзаумӕуттӕ Библи ӕртасунмӕ, цӕмӕй нӕ бон уа Библий стихтӕ лӕдӕрун кӕнун. Уомӕ хауй электронон библиотекӕ, приложени JW Library®, «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуги онлайн-библиотекӕ» ӕма «Путеводитель по публикациям Свидетелей Иеговы».
Аци косӕндзаумӕуттӕй еугуремӕй дӕр ку пайда кӕнай, цӕмӕй Библи никки лӕмбунӕгдӕр ӕртасай, уӕд дӕ цийнӕдзийнадӕ ирӕздзӕй. Библи ке хӕццӕ ахур кӕнис, уонӕн дӕр ӕнӕмӕнгӕй бавдесӕ, аци косӕндзаумӕуттӕй куд пайда кӕнгӕ ’й, уой. Уӕд сӕхуӕдтӕ исахур уодзӕнцӕ сӕ фарстатӕбӕл дзуӕппитӕ агорун, ӕма син е цийнӕдзийнадӕ хӕсдзӕй.
БАКӔСӔ ВИДЕОРОЛИКМӔ «АХУРКӔНУЙНӔГТӔ ЦӔТТӔ КӔНУНИ ГЪУДДАГ ЦИЙНӔ ХӔССУЙ. ЙЕГОВӔЙ ӔНХУС КОРЕТӔ. КОСӔНДЗАУМӔУТТӔ БИБЛИ ӔРТАСУНМӔ» ӔМА АЦИ ФАРСТАТӔБӔЛ ДЗУӔППИТӔ РАТТӔ:
-
Алцидӕр Хуцау ке сфӕлдиста, уой туххӕй Джейд ци гъуди кодта?
-
Аци фарстай фӕдбӕл Нитӕ ӕрмӕг кӕми байагурдта?
-
Джейди зӕрдӕбӕл ка бамбалдайдӕ, уӕхӕн ӕрмӕг Нитӕ куд равзурста?
-
Нитӕ аци фарста уотӕ арф ке рартаста, е ӕхебӕл куд рабӕрӕг ӕй?