Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

НӔ КИРИСТОН ЦАРД

Ӕгасемӕндӕр фегъосун кӕнӕн, хуӕздӕр цард хӕстӕг ке ӕй!

Ӕгасемӕндӕр фегъосун кӕнӕн, хуӕздӕр цард хӕстӕг ке ӕй!

Ноябри мах никки фулдӕр хъауритӕ ӕривӕрдзиан, цӕмӕй адӕнӕн фегъосун кӕнӕн, хъӕбӕр тагъд хуӕздӕр цард ке ӕрцӕудзӕй (Пс 37:10, 11; Рар 21:3–5). Дӕ графикмӕ ӕркӕсӕ ӕма рӕстӕг рахецӕн кӕнӕ, цӕмӕй аци зеуи уодуӕлдаййӕй байархайай. Еци мӕййи ӕнхусгӕнӕг пионерӕй лӕггадӕ кӕнун ку исфӕндӕ кӕнай, уӕд дӕ бон уодзӕй равзарун цал сахатти игъосун кӕндзӕнӕ – 30 ӕви 50.

Равзарӕ, нӕуӕг дуйней туххӕй финст кӕми ес, уӕхӕн стихтӕ ӕма сӕ, гӕнӕн ӕма амалӕй, фулдӕр адӕнӕн бакӕсӕ. Стих ӕвзаргӕй ду гъудий дарӕ, уӕ территорий адӕн цӕбӕл ӕууӕндунцӕ, уой. Фиццаг хатт ке хӕццӕ радзорай, уой фулдӕр базонун ку бафӕндӕуа, уӕд ин раттӕ 2021 анзи «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуг», 2 номер. Байархайӕ, цӕмӕй имӕ иннӕ хатт тагъддӕр ӕрбацӕуай ӕма ӕ хӕццӕ Библи ахур кӕнун райдайай брошюри фӕрци «Радуйтесь жизни сейчас и вечно!». Куд ӕхцӕуӕн нин ӕй, дессаги нӕуӕг цард хӕстӕг ке ӕй, уой туххӕй игъосун кӕнун! (Ис 52:7).

БАКӔСӔ ВИДЕОРОЛИКМӔ «МЫ ЖДЁМ НОВЫЙ МИР» ӔМА АЦИ ФАРСТАТӔБӔЛ ДЗУӔППИТӔ РАТТӔ:

  • Минкъий кизгӕ ӕ цӕститӕбӕл ци уайун кӕнуй?

  • Нӕуӕг дуйнемӕ хъӕбӕрдӕр цӕмӕн ӕнгъӕлмӕ кӕсис?

  • Ци цард нӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсуй, уобӕл ку сагъӕс кӕнай, уӕд дин е куд банхус кӕндзӕй, цӕмӕй ноябри зеуи зӕрдиагӕй байархайай? (Лк 6:45)