НӔ КИРИСТОН ЦАРД
Нӕуӕг брошюрӕ ӕма киунугӕй пайда кӕнӕ
Хъӕбӕр ӕхцӕуӕн нин ӕй, адӕни хӕццӕ Библи нӕуӕг брошюрӕ ӕма нӕуӕг киунуги фӕрци ке ахур кӕндзиан! Йеговӕмӕ ковӕн, цӕмӕй нин арфӕ кӕна ӕма нин банхус кӕна никки фулдӕр ахуркӕнуйнӕгтӕ бацӕттӕ кӕнун (Мф 28:18–20; 1Кр 3:6–9). Нӕ бон куд ӕй нӕуӕг косӕндзаумӕуттӕй пайда кӕнун?
Аци публикацитӕ куд конд ӕнцӕ, уомӕй хъӕбӕр хецӕн кӕнунцӕ, нурмӕ адӕни хӕццӕ Библи ке фӕрци ахур кодтан, еци публикацитӕй. Мадта алли урокмӕ дӕр дӕхе хуарз бацӕттӕ кӕнисӕ. Библий ахур ку уадзай, уӕд аци амундтӕмӕ гӕсгӕ архайисӕ *.
-
Библи ке хӕццӕ ахур кӕнис, уой хӕццӕ ӕрмӕг еумӕ бакӕсетӕ, удта фарстатӕбӕл радзубанди кӕнтӕ
-
«Прочитайте» финст кӕми ӕй, еци стихтӕмӕ лӕмбунӕгдӕр ӕркӕсиайтӕ. Адӕймагӕн балӕдӕрун кӕнӕ, стихтӕ теми хӕццӕ куд баст ӕнцӕ, уой
-
Ӕгас видеороликтӕмӕ дӕр бакӕсетӕ ӕма сӕмӕ ци фарстатӕ ес, уонӕбӕл радзубанди кӕнтӕ
-
Байархайетӕ, цӕмӕй еу Библий ахурмӕ еу урок ӕвзарайтӕ
Адӕймагӕн бал брошюрӕ раттӕ, цӕмӕй ӕй балӕдӕрай, Библи ахур кӕнун ӕй фӕндуй ӕви нӕ. (Кӕсӕ рамкӕ « Адӕймаги хӕццӕ фиццаг хатт ку дзорай, уӕд ин дӕ бон куд ӕй брошюрӕ „Радуйтесь жизни сейчас и вечно!“ раттун?».) Брошюрӕ еумӕ ку равзарайтӕ ӕма адӕймаги идарддӕр Библи ахур кӕнун ку фӕндӕуа, уӕд ин киунугӕ раттӕ, ӕма уӕ Библий ахур 4 уроккӕй раидарддӕр кӕнтӕ. Кӕд еске хӕццӕ Библи ахур кӕнис киунугутӕ «Ци ес базонӕн» кенӕ «Любовь Бога», уӕд нӕуӕг киунуги фӕрци ахур кӕнун райдайетӕ. Библий ахур кӕци сӕрӕй раидарддӕр кӕндзиайтӕ, уой дӕхуӕдӕг ниллух кӕнӕ.
БАКӔСӔ ВИДЕОРОЛИКМӔ «ДОБРО ПОЖАЛОВАТЬ НА БИБЛЕЙСКИЙ КУРС!» ӔМА АЦИ ФАРСТАТӔБӔЛ ДЗУӔППИТӔ РАТТӔ:
-
Библи ке хӕццӕ ахур кӕнис, етӕ нӕуӕг киунуги фӕрци ци базондзӕнцӕ?
-
Библи ахур кӕнун ке хӕццӕ райдайӕн, уонӕн аци видеоролик бавдесун цӕмӕн гъӕуй?
-
Библи ке хӕццӕ ахур кӕнис, уой цӕхуӕн нисӕнттӕмӕ гъӕуама разӕнгард кӕнай? (Кӕсӕ рамкӕ « Алли хаййӕн дӕр ӕ нисан цӕй медӕг ӕй».)
^ 4 абз. ФЕППАЙУЙНАГ. Кӕд, рамки «Дополнительно» ци статьятӕ ӕма видеороликтӕ ес, уонӕй ӕгасебӕл урокки рӕстӕг дзубанди кӕнун нӕ гъӕуй, уӕддӕр сӕмӕ дӕхуӕдӕг цӕттӕ кӕнгӕй ӕркӕсӕ. Уой фӕрци ’й балӕдӕрдзӕнӕ адӕймагӕн пайдадӕр ци уодзӕй, уой. Аци киунуги электронон формати ес ссылкитӕ ӕгас статьятӕ ӕма видеороликтӕмӕ.
АЛЛИ ХАЙЙӔН ДӔР Ӕ НИСАН ЦӔЙ МЕДӔГ ӔЙ |
|||
---|---|---|---|
УРОКТӔ |
АДӔЙМАГ БАЗОНДЗӔЙ |
АДӔЙМАГИ РАЗӔНГАРД КӔНӔ |
|
1–12 |
Библи нин ци пайда ӕй ӕма нӕ бон куд ӕй, ка ’й ниффинсун кодта, уой хӕццӕ базонгӕ ун |
Цӕмӕй Библи кӕса, Библий ахурмӕ ӕхе цӕттӕ кӕна ӕма ӕмбурдтӕмӕ цӕуа |
|
13–33 |
Хуцау мах туххӕй ци искодта ӕма ин куд гъӕуама лӕггадӕ кӕнӕн, цӕмӕй ин ӕ зӕрдӕ рохс кӕнӕн |
Цӕмӕй ци базонуй, уой иннетӕн дзора ӕма ӕнаргъуд игъосунгӕнӕг исуа |
|
34–47 |
Йеговӕ ӕ лӕггадгӕнгутӕмӕ цӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсуй |
Цӕмӕй ӕ цард Йеговӕн иснивонд кӕна ӕма донаргъуд райса |
|
48–60 |
Нӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй Хуцауи уарзтӕй ма фенӕхай уӕн |
Цӕмӕй хуарз ӕма лӕгъуз ци ӕй, уой ӕртасун исахур уа ӕма Хуцаумӕ хӕстӕгдӕр кӕна |