НӔ КИРИСТОН ЦАРД
«Радуйтесь жизни сейчас и вечно!» киунуги хуарз мадзӕлттӕ
Дӕ зӕрдӕмӕ цӕуй Библий ахур «Радуйтесь жизни сейчас и вечно!» киунугӕбӕл уадзун? Ес си видеотӕ, фарстатӕ адӕймаги гъуди базонунмӕ, удта рамкитӕ «Некоторые говорят», «Мои цели» ӕма «Дополнительно». Аци киунуги ма никкидӕр цӕхуӕн мадзӕлттӕ ес? (Мф 28:19, 20).
Уроктӕмӕ ӕрмӕг. Кӕд ӕнӕуой киунугӕй пайда кӕнис, уӕд дӕ бон куд ӕй, алли урокмӕ дӕр ци видеороликтӕ ес, уони иссерун? Еци киунугӕ дӕ телефони райгон кӕнӕ ӕма си сӕрӕй ци цуппар хаййи ес, уонӕй ескӕци равзарӕ. Уой фӕсте ба ’й бунмӕ ку ’рзелай, уӕд си фӕууиндзӕнӕ «Материалы к урокам» ӕма сӕ уоми иссердзӕнӕ. (Кӕсӕ 1 хузӕ.)
Мадзал «Изображение». Библи ахури рӕстӕг телефонӕй ку пайда кӕнай, уӕд дӕ, ка ’й зонуй, бафӕнддзӕй испайда кӕнун мадзалӕй «Изображение». Уой фӕрци дӕ бон уодзӕй ӕгас урок дӕр еу фарсбӕл фӕууинун, цӕмӕй си алли дӕлсӕргонд дӕр урокки теми хӕццӕ куд баст ӕй, уой уинай. Цӕмӕй еци мадзал иссерай, уой туххӕй сӕрккаг рахес къуми ци ӕртӕ стъӕлфи ес, уони ралхъевӕ ӕма си равзарӕ «Изображение». Цӕмӕй фӕстӕмӕ электронон форматмӕ рахезай, уой туххӕй ба нӕуӕгӕй ралхъевӕ еци ӕртӕ стъӕлфи ӕма равзарӕ «Текст».
«Готов ли я?». Аци дууӕ рамки ӕнцӕ 4-аг хаййи кӕрон, ӕма си финст ес, ӕмбурди хӕццӕ игъосун кӕнун ӕма донаргъуд райсун ке фӕндуй, уонӕн ци кӕнгӕ ’й, уой туххӕй. (Кӕсӕ 2 хузӕ.)
Уӕлӕнхасӕнтӕ. Приложенити ес фулдӕр ӕрмӕг кӕцидӕр ӕхсидзгӕ фарстатӕмӕ. Электронон формати алли приложений кӕрон дӕр ес ссылкӕ, ӕма еци ссылки фӕрци дӕ бон ӕй фӕстӕмӕ, ци урок кастайтӕ, еци урокмӕ раздӕхун. (Кӕсӕ 2 хузӕ.)
Адӕймаг киунугӕ «Радуйтесь жизни сейчас и вечно!» кӕронмӕ ахур ку нӕ фӕууа, уотемӕй донаргъуд ку райса, уӕддӕр дӕ гъӕудзӕй ӕ хӕццӕ ӕгас уроктӕ дӕр рацӕун. Дӕ бон ӕй идарддӕр дӕр сахӕттӕ, дуккаг бацудтӕ ӕма Библи ахур нимайун. Рӕстӕг нимайун ма ӕ бон ӕй, дӕ хӕццӕ ахурмӕ ке ӕрбахонай, уомӕн дӕр, ӕрмӕст гъосӕй ку нӕ лӕууа, уӕд.