Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

НӔ КИРИСТОН ЦАРД

Райгасдзийнадӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсӕн

Райгасдзийнадӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсӕн

Нӕ хеуӕнттӕй еске ку рамӕлуй, уӕд нин уодӕнцойнӕ фӕххӕссуй райгасдзийнади нифс. Абони тӕрегъӕд ӕма мӕлӕт не ’гасей дӕр ӕмбӕрзӕни хузӕн ӕрбатухта ӕма нӕ хорх кӕнуй (Ис 25:7, 8). Уой туххӕй, «Хуцау цидӕриддӕр сфӕлдиста, етӕ еугурӕйдӕр... дзиназунцӕ ӕма уодхарӕ кӕнунцӕ» (Ро 8:22). Цалинмӕ нин Хуцау нӕ хеуӕнтти игас кӕнун нӕ райдӕдта, уӕдмӕти нин ци банхус кӕндзӕй, цӕмӕй нӕ рист фӕмминкъийдӕр уа? Уодӕнцойнӕ ка дӕттуй, еци гъудитӕ Библийӕй.

БАКӔСӔ ВИДЕОРОЛИКМӔ «КОГДА УМИРАЕТ БЛИЗКИЙ ЧЕЛОВЕК» ӔМА АЦИ ФАРСТАТӔБӔЛ ДЗУАПП РАТТӔ:

  • Даниель, Масахиро ӕма Ёсими цӕхуӕн рист бавзурстонцӕ?

  • Еци фондз унаффи син куд банхус кодтонцӕ?

  • Тӕккӕ устурдӕр уодӕнцойнӕ нин ке бон ӕй раттун? (2Кр 1:3, 4).