НӔ КИРИСТОН ЦАРД
Зундгин унаффитӕ сайти jw.org
Аци фӕстаг бӕнтти нӕ бон ӕй Библий унаффити фӕрци зиндзийнӕдти хӕццӕ тох кӕнун (2Тм 3:1, 16, 17). Фал нӕ хатгай ӕнхус фӕгъгъӕуй, цӕмӕй си иссерӕн, мах уавӕрмӕ ка хауй, еци уагӕвӕрдтӕ. Зӕгъӕн, ниййергутӕн ци банхус кӕндзӕй сувӕллӕнтти гъомбӕл кӕнун? Ӕригӕнттӕн ци банхус кӕндзӕй Йеговӕбӕл еузӕрдонӕй байзайун? Ци нин банхус кӕндзӕй цардӕмбали мӕлӕт исфӕразун? Сайти jw.org ци ӕрмӕг ес, е нин не ’ргом ӕздахуй, аци ӕма ӕндӕр уӕхӕн уавӕрти нин Библийӕй цӕхуӕн уагӕвӕрдтӕ банхус кӕндзӕнцӕ, уомӕ (Ӕм 2:3–6).
Сайти jw.org равзарӕ БИБЛЕЙСКИЕ УЧЕНИЯ. (Кӕсӕ 1 хузӕ.) Уой фӕсте ба, дӕу ка гъӕуй, еци темӕ равзарӕ. Кенӕ ралхъевӕ БИБЛИОТЕКА > СЕРИИ СТАТЕЙ ӕма равзарӕ, дӕу ка гъӕуй, еци темӕ. (Кӕсӕ 2 хузӕ.) Еци темитӕ ӕнцӕ приложений JW Library® a дӕр. Дӕ бон ӕй статьятӕ сайти кенӕ приложений бакӕсун кенӕ ба цӕхуӕндӕр бӕлвурд ӕрмӕг байагорун сайти jw.org «Иссерун» финст кӕми ӕй, уоми.
«Иссерун» финст кӕми ӕй, уоми аци темитӕ рафинсӕ ӕма си ци статьятӕ рагӕпп кӕна, уонӕй дӕ бакӕсун ке фӕндадтайдӕ, уони дӕхемӕ фӕббӕрӕг кӕнӕ.
-
Воспитание детей
-
Подростковая депрессия
-
Смерть спутника жизни
a Ӕгас статьятӕ бал ӕнцӕ ӕрмӕстдӕр сайти jw.org.