ХУЦАУИ ДЗУРДИ ХӔЗНАТӔ
Йегови ӕновуд уарзт нӕ Сайтани мӕнгӕттӕй гъӕуай кӕнуй
Сайтан архайуй, цӕмӕй адӕн уотӕ гъуди кӕнонцӕ, цума ӕгас зиндзийнӕдти дӕр Хуцау ӕй фудгин (Иов 8:4).
Фӕндуй ӕй, цӕмӕй баууӕндӕн, цума Йеговӕн уӕлдай нӕй, еузӕрдон ибӕл ан ӕви нӕ, е (Иов 9:20–22; w15-U 1/7 12 ф., 3 абз.).
Йегови ӕновуд уарзт нин ӕнхус кӕнуй Сайтани мӕнгӕттӕ уинун ӕма Йеговӕбӕл еузӕрдон ун (Иов 10:12; Пс 32:7, 10; w21.11 6 ф., 14 абз.).
УНАФФӔ. Цӕмӕй зиндзийнӕдти рӕстӕг бафедар уай, уой туххӕй байархайӕ, цӕмӕй фӕууинай, Йеговӕ дӕ куд берӕ уарзуй ӕма уой куд ӕвдесуй. Уӕхӕн гъуддӕгтӕ дӕхемӕ рафинсӕ ӕма сӕбӕл арӕхдӕр сагъӕс кӕнӕ.