Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

НӔ КИРИСТОН ЦАРД

Еске хӕццӕ Библи ахур кӕнгӕй дӕхе скъӕппӕгутӕй хезӕ

Еске хӕццӕ Библи ахур кӕнгӕй дӕхе скъӕппӕгутӕй хезӕ

Ӕгӕр берӕ ма дзорӕ. Уотӕ дӕмӕ ма кӕсӕд, ӕма алцидӕр гъӕуама дӕхуӕдӕг балӕдӕрун кӕнай. Киристе адӕнмӕ фарстатӕ лӕвардта, цӕмӕй сӕхуӕдтӕ сагъӕс кӕнонцӕ ӕма раст гъудимӕ ӕрцӕуонцӕ (Мф 17:24–27). Адӕймаги хӕццӕ Библи ахур кӕнгӕй фарстатӕ ку дӕттай, уӕд уӕ ахур хуӕздӕр цӕудзӕй ӕма ’й уиндзӕнӕ, ӕрмӕг куд лӕдӕруй, удта цӕбӕл ӕууӕндуй, уой. Фарстатӕ дӕтгӕй тагъд ма кӕнӕ, дзуапп раттун ӕй бауадзӕ. Адӕймаг раст дзуапп ку нӕ ратта, уӕд ӕй уайтагъд ма бараст кӕнӕ, фал ин ӕндӕр фарстатӕ раттӕ, цӕмӕй раст гъудимӕ ӕхуӕдӕг ӕрцӕуа. Цӕмӕй нӕуӕг гъудитӕ балӕдӕра, уой туххӕй тагъд ма дзорӕ.

Дӕ дзурд зинлӕдӕрӕн ма уӕд. Фарстай фӕдбӕл цидӕриддӕр зонис, уой ин ма дзорисӕ, хъӕбӕр дӕ ку фӕндӕуа, уӕддӕр (Ин 16:12). Абзаци сӕйраг гъудибӕл дзубанди кӕнӕ. Листӕг хабӕрттӕ цийфӕнди дессаг ку уонцӕ, уӕддӕр сӕбӕл ӕгӕр берӕ ку дзорай, уӕд адӕймаги ’ргом сӕйраг гъудитӕй ӕндӕр цӕмӕдӕр ӕздахдзӕнӕ. Библи ке хӕццӕ ахур кӕнис, е сӕйраг гъуди ку балӕдӕра, уӕд уӕ бон ӕй иннӕ абзацмӕ рахезун.

Ӕрмӕст ӕрмӕг рацӕунбӕл ма архайӕ. Махӕн нӕ сӕйраг нисан ӕй, цӕмӕй ӕрмӕг адӕймаги зӕрдӕмӕ багъара (Лк 24:32). Хуцауи Дзурдӕн устур хъаурӕ ес, ӕма уомӕ гӕсгӕ архайӕ, цӕмӕй ин е ’ргом фулдӕр ӕздахай сӕргонди сӕйраг стихтӕмӕ (2Кр 10:4; Дзт 4:12). Хумӕтӕг цӕветтонтӕ хӕссӕ. Адӕймаг цӕхуӕн зиндзийнӕдтӕбӕл ӕмбӕлуй ӕма цӕбӕл тухсуй, уой дӕ гъудий дарӕ, ӕма ин ӕрмӕг куд банхус кӕндзӕй, уомӕ е ’ргом ӕздахӕ. Дӕ бон ӕй уӕхӕн фарстатӕ раттун: ци базудтай, уой туххӕй ци гъуди кӕнис? Йегови туххӕй си ци базудтай? Аци унаффитӕмӕ гӕсгӕ ку архайай, уӕд дин е цӕхуӕн пайда ӕрхӕсдзӕй?