НӔ КИРИСТОН ЦАРД
Архайӕн арӕхстгунӕй игъосун кӕнун. Дзорун ку райдайай, уӕд дин игъосун кӕнунмӕ фадуат фӕззиндзӕй
Киристейӕн ӕ бон адтӕй самариаг силгоймагӕн хуарз хабари туххӕй зӕгъун, ӕнӕуой ӕ хӕццӕ дзубанди кӕнун ке райдӕдта, уой фӕрци. Нӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй ке нӕ фӕсмӕрӕн, уӕхӕн адӕни хӕццӕ дзубанди идайӕн?
-
Хӕларзӕрдӕ уо ӕма, кӕбӕл фембӕлис, уони хӕццӕ дзорӕ. Киристе фӕллад адтӕй, фал уӕддӕр дон ракурдта, ӕма уотемӕй дзорун райдӕдта. Мадта дӕ бон ӕй фӕлмӕнӕй салам раттун ӕма бонигъӕди туххӕй ести зӕгъун кенӕ ба, ӕрӕги ка ӕрцудӕй, уӕхӕн хабари туххӕй. Дӕ зӕрдӕбӕл дарӕ, дӕ фиццаг нисан ке ӕй дзубанди райдайун ӕма уомӕ гӕсгӕ дзорӕ, адӕймаги ци бацӕмӕдес кодтайдӕ, уой туххӕй. Адӕймаги дзорун ку нӕ фӕндӕуа, уӕд ма тухсӕ, ӕндӕр еске хӕццӕ равзарӕ радзорун. Йеговӕй нифс корӕ (Не 2:4; Гъд 4:29).
-
Лӕмбунӕг уо, хуарз хабари туххӕй зӕгъунмӕ дин фадуат ку фӕззинна, уомӕ, фал тагъд ма кӕнӕ. Уадзӕ ӕма дзубанди ӕхегъӕди цӕуа. Ӕгӕр берӕ ку дзорай, уӕд адӕймаг истухсдзӕй ӕма дӕ хӕццӕ нӕбал дзордзӕй. Кӕд хуарз хабари туххӕй неци ма загътай, ӕма дзубанди уотемӕй фӕцӕй, уӕд ма тухсӕ. Кӕд дӕ нифс нӕ хӕссис хуарз хабари туххӕй игъосун кӕнун, уӕд бал архайӕ, цӕмӕй адӕймаги хӕццӕ ӕнӕуой естӕй туххӕй дзорун райдайай. [Бавдесӕ 1-аг видеоролик ӕма ибӕл радзубанди кӕнтӕ.]
-
Байархайӕ, цӕмӕй дин хуарз хабари туххӕй радзоруни фадуат фӕззинна – цӕбӕл ӕууӕндис, уобӕл зӕрдиагӕй ку дзорай, уӕд, гӕнӕн ес, ӕма дӕмӕ адӕймаг фарста ратта. Киристе силгоймаги бацӕмӕдес кодта, ӕма ’й е баразӕнгард кодта Киристемӕ фарстатӕ дӕттун. Мадта ин Киристе хуарз хабари туххӕй ку дзурдта, уӕд ин ӕнӕуой ӕ фарстатӕбӕл дзуӕппитӕ лӕвардта. [Бавдесӕ 2-аг видеоролик ӕма ибӕл радзубанди кӕнтӕ, удта бавдесӕ 3-аг видеоролик ӕма ибӕл радзубанди кӕнтӕ.]