Киристе, ӕ ахуркӕнуйнӕгтӕн зин балӕдӕрӕн ка адтӕй, уӕхӕн цӕветтон ку ӕрхаста, уӕд е еуӕй-еуетӕн къахкъуӕрӕн иссӕй ӕма ӕ фӕдбӕл нӕбал цудӕнцӕ. Ӕдеугурӕй сӕ еу бон раздӕр Киристе дессаги хузи бафсаста, ӕма син уотемӕй балӕдӕрун кодта, ӕ хъаурӕ Хуцауӕй ке адтӕй. Мадта син ӕ дзурдтӕ къахкъуӕрӕн цӕмӕн иссӕнцӕ? Бӕрӕг ӕй, Киристей фӕдбӕл сӕхе пайдайӕн ке цудӕнцӕ.
Алкедӕр ни гъӕуама ӕхе бафӕрса: «Киристей фӕдбӕл цӕмӕн цӕун? Сӕйрагидӕр мӕмӕ нур ци арфӕдзийнӕдтӕ ес ӕма мӕмӕ федӕни ци арфӕдзийнӕдтӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсуй, уони туххӕй? Ӕви Йегови ке уарзун ӕма мӕ ӕ зӕрдӕ рохс кӕнун ке фӕндуй, уой туххӕй?».
Дӕлдӕр ци дууӕ гъуддагей кой цӕуй, сӕйрагидӕр уой туххӕй Йеговӕн ку лӕггадӕ кӕнӕн, уӕд нин е тӕссаг цӕмӕн уодзӕй?
-
Хуцауи адӕни астӕу ке ан, е нин ӕхцӕуӕн ӕй
-
Дзенети цӕрун нӕ фӕндуй