НӔ КИРИСТОН ЦАРД
Киристей хузӕн сӕрниллӕг ӕма бонзонгӕ уо
Кӕд Киристе, зӕнхӕбӕл ка цардӕй, уонӕй ӕгасемӕй кадгиндӕр адӕймаг адтӕй, уӕддӕр Йегови ке кадгин кодта, уомӕй ӕвдиста сӕрниллӕг ӕма бонзонгӕ ке адтӕй, уой (Ин 7:16–18). Сайтан ба иссӕй «Фудкойгӕнӕг» (Ин 8:44). Сайтани зӕрдиуагӕ бӕрӕг адтӕй фӕрисейти дзурдтӕ ӕма гъуддӕгти. Сӕ сӕрбӕрзонддзийнади туххӕй Мессийӕбӕл кадӕриддӕр ӕууӕндтӕй, уони нецӕмӕ дардтонцӕ (Ин 7:45–49). Нӕ бон куд ӕй Киристей фӕнзун, ӕмбурди нин ести кадгин гъуддаг ку баихӕс кӕнонцӕ кенӕ нин фулдӕр бартӕ ку фӕззинна, уӕд?
БАКӔСЕТӔ ВИДЕОРОЛИКМӔ «УӔ КӔРӔДЗИЙЫ... УАРЗУТ. ХӔЛӔГ МА КӔНУТ ӔМӔ УӔХИЦӔЙ МА ӔППӔЛУТ» (1 ХАЙ) ӔМА АЦИ ФАРСТАБӔЛ РАДЗУБАНДИ КӔНТӔ:
-
Алекс сӕрбӕрзондзийнадӕ куд бавдиста?
БАКӔСЕТӔ ВИДЕОРОЛИКМӔ «УӔ КӔРӔДЗИЙЫ... УАРЗУТ. ХӔЛӔГ МА КӔНУТ ӔМӔ УӔХИЦӔЙ МА ӔППӔЛУТ» (2 ХАЙ) ӔМА АЦИ ФАРСТАТӔБӔЛ РАДЗУБАНДИ КӔНТӔ:
-
Алекс сӕрниллӕгдзийнадӕ куд бавдиста?
Алекс Билл ӕма Карли нифс куд бафедар кодта?
БАКӔСЕТӔ ВИДЕОРОЛИКМӔ «УӔ КӔРӔДЗИЙЫ... УАРЗУТ. СӔРБӔРЗОНД МА УТ ӔМӔ ЧИ НЕ ’МБӔЛЫ, АХӔМ МИТӔ МА КӔНУТ» (1 ХАЙ) ӔМА АЦИ ФАРСТАБӔЛ РАДЗУБАНДИ КӔНТӔ:
-
Ӕнсувӕр Том сӕрбӕрзондзийнадӕ куд бавдиста?
БАКӔСЕТӔ ВИДЕОРОЛИКМӔ «УӔ КӔРӔДЗИЙЫ... УАРЗУТ. СӔРБӔРЗОНД МА УТ ӔМӔ ЧИ НЕ ’МБӔЛЫ, АХӔМ МИТӔ МА КӔНУТ» (2 ХАЙ) ӔМА АЦИ ФАРСТАТӔБӔЛ РАДЗУБАНДИ КӔНТӔ:
-
Ӕнсувӕр Том бонзонгӕдзийнадӕ куд бавдиста?
Ӕнсувӕр Том ӕхе куд бадардта, уомӕй Феййи цӕбӕл исахур кодта?