НӔ КИРИСТОН ЦАРД ӔМА ЛӔГГАДӔ. КОСӔН ТЪЕТРАД Февраль 2017
Дзубанди куд ес райдайӕн
Брошюрӕ «Подростковая депрессия. Причины и решения». Испайдӕ кӕнӕ, бийнонтӕ амондгун цӕй фӕрци уодзӕнцӕ, уой туххӕй финст кӕми ес, еци рубрикӕй «Рӕстдзийнадӕ амонӕ». Аци цӕветтонмӕ гӕсгӕ расагъӕс кӕнӕ, игъосун кӕнгӕй дӕхуӕдӕг дзубанди куд райдайдзӕнӕ, уобӕл.
ХУЦАУИ ДЗУРДИ ХӔЗНАТӔ
Йеговӕмӕ ку игъосай, уӕд арфӕгонд уодзӕнӕ
Йеговӕ нин фӕлмӕнӕй амонуй, ци надбӕл нӕ гъӕуй цӕун, уой.
ХУЦАУИ ДЗУРДИ ХӔЗНАТӔ
Киристе фӕгъгъезӕмарӕ кодта мах туххӕй
Киристе ӕ мӕлӕтӕй Сайтанӕн дзуапп равардта, Хуцауи лӕггадгӕнгутӕн сӕ бон ке ӕй Йеговӕбӕл еузӕрдонӕй байзайун.
НӔ КИРИСТОН ЦАРД
Уӕ сувӕллӕнттӕн ӕнхус кӕнтӕ Сфӕлдесӕгбӕл никки хъӕбӕрдӕр ӕууӕндун
Цард куд фӕззиндтӕй, уой туххӕй уӕ сувӕллӕнттӕ ци гъуди кӕнунцӕ? Уӕ бон син куд ӕй банхус кӕнун, цӕмӕй, Йеговӕ Сфӕлдесӕг ке ӕй, уобӕл ӕууӕндонцӕ?
ХУЦАУИ ДЗУРДИ ХӔЗНАТӔ
Игъосун кӕнтӕ «Йегови хуарзӕнхи анзи туххӕй»
Йегови хуарзӕнхи анз ӕнӕуой анз ӕй? Еци рӕстӕг куд баст ӕй Хуцауи Паддзахади туххӕй хуарз хабар игъосун кӕнуни хӕццӕ?
НӔ КИРИСТОН ЦАРД
Ци ӕрмӕг нӕмӕ ес, уомӕй лӕдӕргӕй пайда кӕнӕ
Ци ӕрмӕг нӕмӕ ес, уой уадзунмӕ ӕма ’й алли рауӕнтӕмӕ бахъӕртун кӕнунмӕ гъӕуй берӕ хъауритӕ ӕма ӕхца. Лӕдӕргӕ уӕн, адӕнӕн сӕ ку дӕттӕн, уӕд.
ХУЦАУИ ДЗУРДИ ХӔЗНАТӔ
Нӕуӕг арв ӕма нӕуӕг зӕнхӕ устур цийни хуасӕ уодзӕнцӕ
Хуцау нин ци нӕуӕг арв ӕма нӕуӕг зӕнхӕй зӕрдӕ ӕвӕруй, е цӕбӕл дзорӕг ӕй?
НӔ КИРИСТОН ЦАРД
Ци нифс уин ес, е уин цийни хуасӕ уӕд
Нифс науӕнгури хузӕн ӕй. Хуцауи Дзурди ци зӕрдӕвӕрдтӕ финст ес, уонӕбӕл ку сагъӕс кӕнӕн, уӕд нин еци нифс цийфӕнди зин уавӕри дӕр федар фӕллӕунмӕ хъауритӕ дӕтдзӕй ӕма нӕ цийнӕдзийнадӕ некӕд фесӕфдзӕй.