Дзубанди куд ес райдайӕн
«ПОДРОСТКОВАЯ ДЕПРЕССИЯ. ПРИЧИНЫ И РЕШЕНИЯ»
Фарста: Бӕрӕггӕнӕнтӕмӕ гӕсгӕ, хъӕбӕр берӕ ӕригӕнттӕ депрессийӕй сӕйунцӕ. Куд дӕмӕ кӕсуй, уомӕн ци ес гӕнӕн?
Публикаци: Аци брошюри ес цалдӕр хуарз унаффи, депрессийӕй ка сӕйуй, еци ӕригӕнттӕн сӕ бон куд ӕй сӕ нези хӕццӕ тох кӕнун, удта ма неййергутӕн сӕ бон куд ӕй сӕ сувӕллӕнттӕн банхус кӕнун.
РӔСТДЗИЙНАДӔ АМОНӔ
Фарста: Цӕмӕй бийнонтӕ амондгун уонцӕ, уой туххӕй ци гъӕуй кӕнун?
Стих: Еф 5:33
Рӕстдзийнадӕ: Лӕг ӕма уосӕ кӕрӕдзей ку уарзонцӕ ӕма кӕрӕдзей ку нимайонцӕ, уӕд бийнонтӕ ӕцӕг амондгун уодзӕнцӕ.
«У ИСТОКОВ ЖИЗНИ. ПЯТЬ ВОПРОСОВ, КОТОРЫЕ ТРЕБУЮТ ОТВЕТА» (lf)
Фарста: Беретӕ уотӕ гъуди кӕнунцӕ, ӕма цард Хуцауи фӕрци фӕззиндтӕй, иннетӕ ба зӕгъунцӕ, ӕма эволюций фӕрци. Куд дӕмӕ кӕсуй, цӕбӕл ӕууӕндӕн, е цӕмӕй гъӕуама кӕнгӕ уа?
Стих: Дзт 11:1
Публикаци: Стихи куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ зундбӕл дзорӕг уодзӕй, цӕбӕл ӕууӕндӕн, е «бӕлвурдгӕнӕнтӕбӕл» арӕзт ку уа, уӕд. Аци брошюри дзурд цӕуй, цард куд фӕззиндтӕй, фондз уӕхӕн ӕхсидзгӕ фарстай туххӕй, удта ма ӕууӕндӕн кӕбӕл ес, уӕхӕн бӕлвурдгӕнӕнти туххӕй.
ДӔХУӔДӔГ ДЗУБАНДИ КУД РАЙДАИСӔ
Уӕлдӕр ци цӕветтонтӕ ес, уонӕмӕ гӕсгӕ ӕргъуди кӕнӕ, дӕхуӕдӕг дзубанди куд райдаисӕ, уой.