НӔ КИРИСТОН ЦАРД
Уӕ сувӕллӕнттӕн ӕнхус кӕнтӕ Сфӕлдесӕгбӕл никки хъӕбӕрдӕр ӕууӕндун
Йеговӕ ци сфӕлдиста, е ин кадӕ хӕссуй (Пс 19:1–4; 139:14). Фал Сайтани дуйне архайуй, цӕмӕй адӕн ма ’ууӕндонцӕ, цард Хуцауи фӕрци ке фӕззиндтӕй, уобӕл (Ро 1:18–25). Куд ӕй уӕ бон уӕ сувӕллӕнтти багъӕуай кӕнун, цӕмӕй уӕхӕн гъудитӕ сӕ зунди ӕма сӕ зӕрдити уедӕгтӕ ма рауадзонцӕ? Сӕ минкъийӕй син ӕнхус кӕнтӕ, цӕмӕй ӕууӕндонцӕ, Йеговӕ ке ес ӕма сӕбӕл ке тухсуй, уобӕл (2Кр 10:4, 5; Еф 6:16). Базонетӕ, ци сагъӕс кӕнунцӕ, скъолай сӕ цӕбӕл фӕййахур кӕнунцӕ, уой туххӕй, ӕма нӕмӕ ци мадзӕлттӕ ес, уонӕй пайда кӕнтӕ, цӕмӕй сӕ зӕрдитӕмӕ над иссерайтӕ (Ӕм 20:5; Иак 1:19).
БАКӔСЕТӔ ВИДЕОРОЛИКМӔ «ДЕ ’НГӔРТТӔ ЦИ ДЗОРУНЦӔ. ХУЦАУБӔЛ ӔУУӔНДӔН ЦӔМӔН ЕС?» ӔМА АЦИ ФАРСТАТӔН ДЗУӔППИТӔ РАТТЕТӔ:
Хуцау ес ӕви нӕ, уой туххӕй беретӕ ци гъуди кӕнунцӕ?
Скъолай дӕ цӕбӕл ахур кӕнунцӕ?
Хуцау ке ес, уобӕл федарӕй цӕмӕн ӕууӕндис?
Ескӕмӕн нӕ бон куд ӕй балӕдӕрун кӕнун, алцидӕр Хуцау ке сфӕлдиста, уой?