Игъосун кӕнтӕ «Йегови хуарзӕнхи анзи туххӕй»
«Йегови хуарзӕнхи анз» ӕнӕуой анз нӕй
-
Е ӕй уӕхӕн рӕстӕг, ӕма Йеговӕ сӕрниллӕг адӕнӕн дӕттуй фадуат, цӕмӕй син ци сӕребарӕдзийнадӕ дӕттуй, уой райсонцӕ
-
Фиццаг ӕноси, еци хуарзӕнхи анз райдӕдта н. э. 29 анзи, Киристе хуарз хабар игъосун кӕнун ку райдӕдта, уӕд, ӕма рахаста «Йегови мастесӕн бонмӕ» – Йерусалим н. э. 70 анзи ку ниппурхӕ кодтонцӕ, уӕдмӕ
-
Мах рӕстӕги, Йегови хуарзӕнхи анз райдӕдта 1914 анзи, Киристе уӕлӕрвти Паддзах ку иссӕй, уӕд ӕма фӕууодзӕй, устур бӕллӕх ку райдайа, уӕд
Йеговӕ ӕ адӕнӕн арфӕ кӕнуй «рӕстдзийнади устур бӕлӕстӕй»
-
Зӕнхӕбӕл тӕккӕ устурдӕр бӕлӕстӕ гъӕди еумӕ ирӕзунцӕ; уомӕ гӕсгӕ кӕрӕдземӕн ӕнхус кӕнунцӕ, цӕмӕй федар лӕууонцӕ
-
Ци федар уедӕгтӕ син ес, етӕ кӕрӕдзей хӕццӕ исӕздухсунцӕ, ӕма уой фӕрци бӕлӕстӕ хъӕбӕр дунги рӕстӕг федар лӕуунцӕ
-
Бӕрзонд бӕлӕстӕ дӕттунцӕ аууон минкъийдӕр бӕлӕстӕн, удта ма си ци сифтӕ ӕркӕлунцӕ, етӕ зӕнхӕн пайда ӕнцӕ
«Рӕстдзийнади устур бӕлӕстӕ», гъома зӕнхӕбӕл ци исӕрст киристӕнттӕ ес, етӕ киристон ӕмбурди алкӕмӕндӕр устур пайда ӕнцӕ, уодӕнцойнӕ син ке хӕссунцӕ ӕма сӕ ке гъӕуай кӕнунцӕ, уомӕй