НӔ КИРИСТОН ЦАРД
Ци ӕрмӕг нӕмӕ ес, уомӕй лӕдӕргӕй пайда кӕнӕ
Киристе загъта: «Лӕвар райстайтӕ – лӕвар дӕттетӕ» (Мф 10:8). Мах еци унаффӕмӕ гӕсгӕ архайӕн, гъома Библи ӕма нӕ литературӕ адӕнӕн уӕйӕ нӕ кӕнӕн (2Кр 2:17). Еци литератури финст ес Хуцауи Дзурди рӕстдзийнӕдтӕ. Цӕмӕй аудио, видео ӕма ӕндӕр ӕрмӕг бацӕттӕ кӕнонцӕ, уой туххӕй гъӕуй берӕ хъиамӕт ӕма ӕхца.
Ескӕмӕн дӕ интернетӕй ести публикаци рарветун ку фӕндӕуа, уӕд лӕмбунӕг расагъӕс кӕнӕ (Мф 7:6). Архайӕ, цӕмӕй адӕймаги хӕццӕ радзубанди кӕнай ӕма базонай, ӕ зӕрдӕмӕ ци цӕуй, уой. Рамки ци фарстатӕ ес, уонӕй уӕддӕр еуебӕл «гъо» дзуапп ратдзӕнӕ? Кӕд дӕ бон нӕй адӕймаги гъуди базонун, уӕд ин тухӕ ма кӕнӕ, цӕмӕй ин ести рарветай. Дзурд дӕр ибӕл нӕййес, адӕймаг бакӕсунмӕ ӕхуӕдӕг ести ку ракора, уӕд ин «нӕ» нӕ зӕгъдзиан (Ӕм 3:27, 28).