Нӕуӕг арв ӕма нӕуӕг зӕнхӕ устур цийни хуасӕ уодзӕнцӕ
Исаййи 65 сӕри ци зӕрдӕвӕрд финст ес, е уотӕ финст ӕрцудӕй, цума исӕнхӕст ӕй; е уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма ин ӕнӕисӕнхӕст уӕн нӕййес
Йеговӕ кӕнуй нӕуӕг арв ӕма нӕуӕг зӕнхӕ; уоми гъуди дӕр некебал ӕркӕндзӕй, раздӕр ци адтӕй, уой
Нӕуӕг арв ци ӕй?
-
Нӕуӕг арв ӕй нӕуӕг хецауадӕ. Е зӕнхӕбӕл ӕрфедар кӕндзӕй рӕстдзийнадӕ
-
1914 анзи бартӕ ӕхе къохмӕ райста, Киристе Хуцауи Паддзахади Паддзах ку иссӕй, уӕд
Нӕуӕг зӕнхӕ ци ӕй?
-
Алли адӕнихӕттитӕй ӕма ӕвзӕгтӕй ка ӕрӕмбурд ӕй, еци адӕн. Етӕ зӕрдиагӕй игъосдзӕнцӕ уӕларвон хецауади разамундмӕ
«Раздӕр ци адтӕй, уони гъуди дӕр некебал ӕркӕндзӕй», е куд лӕдӕргӕ ӕй?
-
Абони нин нӕ зӕрдӕ ци фӕрресун кӕнуй ӕма гъезӕмӕрттӕ цӕй туххӕй февзарӕн, уӕхӕнӕй нецибал уодзӕй
-
Еузӕрдон адӕн сӕ цардӕй боз уодзӕнцӕ ӕма сӕ царди алли бон дӕр зӕрдӕрохсӕй имисдзӕнцӕ