НӔ КИРИСТОН ЦАРД
Ци нифс уин ес, е уин цийни хуасӕ уӕд
Нифс науӕнгури хузӕн ӕй (Дзт 6:19). Ӕма нин банхус кӕндзӕй, цӕмӕй не ’ууӕндундзийнади науӕ ӕмбохгӕ денгизи ма ниппурхӕ уа (1Тм 1:18, 19). Еци ӕмбохгӕ денгизи адӕймаг бахауй, естӕмӕй ку фӕффудӕнгъӕл уй, ӕ мулк ку фесафуй, берӕ рӕстӕг ку фӕссӕйуй, ӕ хӕстӕгутӕй еске ку рамӕлуй кенӕ ма ин е ’ууӕндундзийнадӕн естӕмӕй тӕссаг ку фӕууй, уӕд.
Ӕууӕндундзийнадӕ ӕма нифси фӕрци мах хуарз уинӕн, Йеговӕ нин зӕрдӕ цӕмӕй байвардта, еци хуӕрзеуӕг (2Кр 4:16–18; Дзт 11:13, 26, 27). Фӕнди нин зӕнхӕбӕл цӕруни нифс ес, фӕнди уӕлӕрвти, уӕддӕр гъӕуама еци нифс федар кӕнӕн, гъома алкӕддӕр сагъӕс кӕнӕн, Хуцауи Дзурди ци зӕрдӕвӕрдтӕ финст ес, уонӕбӕл. Ӕма уӕд, зиндзийнӕдти рӕстӕг ку истухсӕн, уӕддӕр нӕ цийнӕдзийнадӕ нӕ фесафдзиан (1Пт 1:6, 7).
БАКӔСЕТӔ ВИДЕОРОЛИКМӔ «ЦЫ НЫФС УЫН ИС, УЫЙ УЫН УӔД ЦИНЫ ХОС» ӔМА АЦИ ФАРСТАТӔБӔЛ ДЗУӔППИТӔ РАТТЕТӔ:
-
Моисей нин фӕнзуйнаг цӕмӕн ӕй?
-
Бийнонти хестӕртӕбӕл цӕхуӕн ихӕстӕ ӕвӕрд ес?
-
Бийнонти ахури рӕстӕг уӕ бон цӕбӕл ӕй радзорун?
-
Нифс дин куд банхус кӕндзӕй зиндзийнӕдти рӕстӕг федар фӕллӕуун?
-
Федӕни цӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсис?