Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

НӔ КИРИСТОН ЦАРД

Архайӕн арӕхстгунӕй игъосун кӕнун. Фарстатӕ дӕттунмӕ арӕхсӕн

Архайӕн арӕхстгунӕй игъосун кӕнун. Фарстатӕ дӕттунмӕ арӕхсӕн

Е ӔХСИДЗГӔ ЦӔМӔН ӔЙ. «Адӕймаги зӕрди гъудитӕ ӕнцӕ арф дӕнттӕ», исесӕн ба сӕ ес фарстати фӕрци (Ӕм 20:5). Фарстати фӕрци нӕ бон ӕй, ка нӕмӕ игъосуй, уони бацӕмӕдес кӕнун. Раст фарстатӕ ку бацӕттӕ кӕнай, уӕд базондзӕнӕ, адӕймаг куд сагъӕс кӕнуй ӕма ӕ зӕрди ци ес, уой. Йесо фарстатӕ дӕттунмӕ дӕсни адтӕй. Нӕ бон ӕй куд ӕй фӕнзун?

УОМӔН КУД ЕС ГӔНӔН:

  • Уӕхӕн фарстатӕ дӕттӕ, цӕмӕй адӕймаги бон уа ӕхе гъуди зӕгъун. Киристе ӕ ахуркӕнуйнӕгтӕн фӕд-фӕди цалдӕр фарстай равардта, ӕма син уотемӕй сӕ гъуди базудта (Мф 16:13–16; кӕсӕ урок «Фарстатӕй арӕхстгунӕй пайда кӕнӕ»). Дӕу бон ба цӕхуӕн фарстатӕ ӕй адӕймагмӕ раттун, цӕмӕй ин ӕ гъуди базонай?

  • Уӕхӕн фарстатӕ дӕттӕ, цӕмӕй адӕймаг ӕхуӕдӕг раст гъудимӕ ’рцӕуа. Цӕмӕй Киристе Петури зундахаст исраст кодтайдӕ, уой туххӕй имӕ равардта фарстатӕ ӕма цалдӕр дзуаппи, цӕмӕй Петур раст гъудимӕ ӕрцудайдӕ (Мф 17:24–26). Дӕу бон ба цӕхуӕн фарстатӕ ӕй адӕймагмӕ раттун, цӕмӕй ӕхуӕдӕг раст гъудимӕ ӕрцӕуа?

  • Адӕймаги растауисӕ. Киунугидӕсни Киристейӕн «лӕдӕргӕ адӕймаги дзуапп [ку] равардта», уӕд ӕй растудта (Мк 12:34). Адӕймаг дӕ фарстайӕн раст дзуапп ку ратта, уӕд ӕй дӕ бон куд ӕй растаун?

БАКӔСӔ ВИДЕОРОЛИКМӔ «ЧЫРЫСТИ ЦЫ КУЫСТ КОДТА, УЫЦЫ КУЫСТ КӔНУТ. ИННӔТЫ АХУЫР КӔНУТ» (1-АГ ХАЙ) ӔМА АЦИ ФАРСТАТӔБӔЛ ДЗУӔППИТӔ РАТТӔ:

  • Кӕд ӕнсувӕр алцидӕр раст радзурдта, уӕддӕр фӕнзуйнаг цӕмӕннӕ ’й?

  • Адӕймагӕн ӕрмӕг уотид радзорун фагӕ цӕмӕннӕ ’й?

БАКӔСӔ ВИДЕОРОЛИККИ 2-АГ ХАЙМӔ ӔМА АЦИ ФАРСТАТӔБӔЛ ДЗУӔППИТӔ РАТТӔ:

  • Цӕмӕн ес уотӕ зӕгъӕн, ӕма ӕнсувӕр фарстатӕй арӕхстгунӕй пайда кодта?

  • Аци видеороликкӕй ма дӕ бон цӕхуӕн гъудитӕй ӕй испайда кӕнун?

Иннети арӕхстгунӕй ахур кӕнис? (Лк 24:32)