Цӕлхдор дин маци уӕд ӕма иннетӕн дӕр цӕлхдор ма уо
Киристе цӕветтонтӕй балӕдӕрун кодта, куд тӕссаг ӕй, нӕхуӕдтӕ дӕр ку фӕррӕдуйӕн ӕма иннети дӕр ку фӕррӕдуйун кӕнӕн.
-
«Цӕлхдор» амонуй ести гъуддаг кенӕ уавӕрмӕ. Уой туххӕй адӕймаг, гӕнӕн ес, раст надӕй раеуварс уодзӕй, фӕррӕдуйдзӕй кенӕ тӕрегъӕд искӕндзӕй
-
Иннети ка рӕдуйун кӕнуй, уӕхӕн адӕймагӕн хуӕздӕр адтайдӕ, ӕ хъурбӕл ин куройни цалх ку ниййауигътайуонцӕ ӕма ’й денгизи ку ниггӕлстайуонцӕ
-
Киристе ӕ фӕдбӕлдзӕугутӕн загъта, фӕррӕдуйуни бӕсти хуӕздӕр ке ӕй, цӕмӕй сӕхе фӕццох кӕнонцӕ, цӕстӕ кенӕ къохи хузӕн син хъазар ци ӕй, уомӕй
-
Адӕймагӕн хуӕздӕр адтайдӕ, хъазар ин ци ӕй, уомӕй ӕхе фӕццох кӕнун ӕма Хуцауи Паддзахадӕмӕ бацӕун, хъазар ин ци адтӕй, уой хӕццӕ геенӕмӕ бахаун ӕма ӕносмӕ фесӕфуни бӕсти
Мӕ царди мин цӕлхдор, гӕнӕн ес, ӕма ци исуодзӕй? Мӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй мӕхуӕдӕг дӕр ма фӕррӕдуйон ӕма иннети дӕр ма фӕррӕдуйун кӕнон?