Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

ХУЦАУИ ДЗУРДИ ХӔЗНАТӔ | МАТФЕЙЙИ 12, 13

Фӕсномуг дзурд мӕнӕуӕ ӕма хӕмпӕлгӕрдӕгути туххӕй

Фӕсномуг дзурд мӕнӕуӕ ӕма хӕмпӕлгӕрдӕгути туххӕй

Киристе фӕсномуг дзурд мӕнӕуӕ ӕма хӕмпӕлгӕрдӕгути туххӕй ракодта, цӕмӕй бавдистайдӕ, н. э. 33 анзӕй райдайгӕй, куд ӕма кӕд ӕрӕмбурд кӕндзӕй, мӕнӕуи къуармӕ ка хауй, уони, гъома исӕрст киристӕнтти.

13:24

«Ӕ зӕнхи хуарз муггӕгтӕ ка байтудта, уӕхӕн адӕймаг»

  • Итауӕг: Йесо Киристе

  • Дзӕбӕх муггӕгтӕ байтудтонцӕ: Киристей ахуркӕнуйнӕгтӕ сугъдӕг хъаурӕй исӕрст ӕрцудӕнцӕ

  • Будур: дуйне кенӕ адӕн

13:25

«Адӕн фунӕй ку кодтонцӕ, уӕд е знаг бацудӕй, мӕнӕуи астӕу хӕмпӕлгӕрдӕгутӕ байтудта ӕма рандӕ ’й»

  • Знаг: Сайтан

  • Адӕн фунӕй кодтонцӕ: апостолти мӕлӕт

13:30

«Уадзӕ ӕма хумгӕрдӕни рӕстӕгмӕ еумӕ ирӕзонцӕ»

  • Мӕнӕуӕ: исӕрст киристӕнттӕ

  • Хӕмпӕлгӕрдӕгутӕ: мӕнгӕ киристӕнттӕ

«Ӕрӕмбурд бал кӕнтӕ хӕмпӕлгӕрдӕг... уой фӕсте ба мӕнӕуӕ бафснайетӕ»

  • Цагъартӕ/​хумгӕрдгутӕ: изӕдтӕ

  • Хӕмпӕлгӕрдӕгутӕ ӕмбурд кӕнунцӕ: мӕнгӕ киристӕнттӕ ӕцӕг киристӕнттӕй хецӕнгонд цудӕнцӕ

  • Ӕвӕрӕндонӕ идзаг кӕнуй: исӕрст киристӕнттӕ ӕмбурдгонд цӕунцӕ, нӕуӕгӕй ӕ къахбӕл ка ислӕудтӕй, еци ӕмбурдмӕ

Хумгӕрдӕнти рӕстӕг ку райдӕдта, уӕд исӕрст киристӕнттӕ мӕнгӕ киристӕнттӕй цӕмӕй хецӕн кодтонцӕ?

Аци фӕсномуг дзурд ке лӕдӕрун, е мӕнӕн ци пайда ӕй?