«Хуцау нӕ ке уарзуй, уой... ӕвдесуй»
Киристе ӕ цард ке равардта, е баст ӕй хъӕбӕр ӕхсидзгӕ гъуддӕгти хӕццӕ. Уой фӕрци Йегови ном исрохс ӕй ӕма исбӕлвурд ӕй, Йеговӕн ке ес барӕ, цӕмӕй Дун-дуйней Хецау уа, ӕма уомӕй хуӕздӕр Хецау ке нӕййес. Фал ма нӕ уомӕй уӕлдай, Киристей нивонди фӕрци Йеговӕ рӕстгӕнгутӕбӕл нимайуй ӕма имӕ аллихузи адӕнӕй ка игъосуй, уонӕн дессаги федӕнӕй зӕрдӕ ӕвӕруй.
Адӕймагӕн ӕ бон куд ӕй бавдесун, Киристе ӕ цард нивондӕн ке ӕрхаста, уомӕн ке аргъ кӕнуй, уой?
-
Ӕ цард Йеговӕн ку иснивонд кӕна ӕма донаргъуд ку райса, уӕд уомӕй бавдесдзӕй, Киристей нивондбӕл ке ӕууӕндуй ӕма ’й Йегови дӕлбарӕ ун ке фӕндуй, уой
-
Хуцауи Паддзахади туххӕй хуарз хабар ку игъосун кӕна, уӕд уомӕй ӕвдесдзӕй, Йегови хузӕн аллихузи адӕни ке уарзуй, уой (Мф 22:39; Ин 3:16)
Йеговӕ мӕн туххӕй Киристей нивондӕн ке равардта, уомӕн ке аргъ кӕнун, уой ма мӕ бон никкидӕр куд ӕй ӕвдесун?