Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

НӔ КИРИСТОН ЦАРД

Идарддӕр дӕр фӕразонӕй ӕнгъӕлмӕ кӕсӕ ӕма федар лӕууӕ

Идарддӕр дӕр фӕразонӕй ӕнгъӕлмӕ кӕсӕ ӕма федар лӕууӕ

Хуцауи Паддзахади ӕрцудмӕ цӕйбӕрцӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсис? Ӕнгъӕлмӕ кӕсгӕй зиндзийнӕдтӕбӕл ӕмбалдтӕ? (Ро 8:25). Киристӕнттӕ аллихузи зиндзийнӕдтӕ ӕвзарунцӕ: кӕмӕй се ’сӕфт уинунцӕ, кедӕр ӕфхуӕрунцӕ, кедӕрти си ахӕстдони исбадун кӕнунцӕ, кедӕрти ба сауӕнгӕ рамарунӕй дӕр тӕрсун кӕнунцӕ. Беретӕ ба уӕззау незӕй сӕйунцӕ кенӕ сӕбӕл ӕнзтӕ сӕ уӕзӕ ӕруагътонцӕ.

Ци нин банхус кӕндзӕй, цӕмӕй зӕрдиагӕй ӕнгъӕлмӕ кӕсӕн? Гъӕуама алли бон дӕр Библи кӕсӕн ӕма, ци бакӕсӕн, уобӕл лӕмбунӕг сагъӕс кӕнӕн, ӕма уотемӕй не ’ууӕндундзийнадӕ федардӕр кӕнӕн. Гъӕуама нӕ нифс нӕ зӕрдӕбӕл дарӕн (2Кр 4:16–18; Дзт 12:2). Удта ма гъӕуама Йеговӕмӕ зӕрдибунӕй ковӕн ӕма ин лигъстӕ кӕнӕн, цӕмӕй нин сугъдӕг хъаурӕ дӕтта (Лк 11:10, 13; Дзт 5:7). Нӕ уарзӕгой Фидӕ нин банхус кӕндзӕй, «цӕмӕй цийнӕгӕнгӕй ӕма фӕразонӕй кӕронмӕ федар фӕллӕууӕн» (Кл 1:11).

БАКӔСӔ ВИДЕОРОЛИКМӔ «ХЪУАМӔ „ФӔРАЗОНӔЙ ЗГЪОРӔМ“. ФИДАР НЫФС НӔ УӔД, НӔ ХӔРЗИУӔГ КӔЙ РАЙСДЗЫСТӔМ» ӔМА АЦИ ФАРСТАТӔБӔЛ ДЗУӔППИТӔ РАТТӔ:

  • Адӕймагбӕл ӕнӕнгъӕлӕги цӕхуӕн хабӕрттӕ ӕрцӕуй? (Ек 9:11, 12)

  • Зиндзийнӕдтӕбӕл ку исӕмбӕлӕн, уӕд нин кувд куд банхус кӕнуй?

  • Кӕд нӕ бон раздӕри хузӕн Йеговӕн лӕггадӕ кӕнун нӕбал ӕй, уӕддӕр фулдӕр цӕмӕн гъӕуама сагъӕс кӕнӕн, нур нӕ бон ци ӕй, уобӕл?

  • Дӕ хуӕрзеуӕг алкӕддӕр дӕ цӕстити рази уӕд

    Дӕ хуӕрзеуӕг ке райсдзӕнӕ, уомӕй дин федар нифс цӕмӕн ес?